Туризмы рæзты ахсджиаг фарстатæ

0
70

Ацы хъæугæ фарста рæгъмæ рахастой парламентон байхъуыстыты. Амыдта сæ РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз. Ивгъуыд аз туризмы къабазы рæзтæн нæ республикæйæн радих кодтой 37 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæй Сабырдзинады проспект саив кодтой хуызджын цырæгътæй, сцалцæг кодтой арт-обьект «Дзæуджыхъæуы картæ».

Æмбырды архайджытæ дзырдтой модулон арæзтæдтæн гранттæ райсыныл. Ивгъуыд аз курдиæттæ балæвæрдтой фондз инвесторы. Сæ арæзт объекттæ æрбынæттон сты Мамысон æмæ Цъæйы кæмтты, стæй Æрæфы районы. Уыдоны фæрцы фысымуæтты фондыл бафтыд 266 бынаты. 2025 азы райдайæнæй Цæгат Ирыстоны кусы туристон хъалон æмæ республикæйы бюджетмæ æфтиæгтæ бацыд 16 милуан сомы бæрц.

Нымæцтæй куы дзурæм, уæд дыууæ азмæ милуан æмæ æрдæг туристы бабæрæг кодтой Ирыстон. Уæрæсейы бæрзонд туристон хъомысджын 200 горæты ’хсæн ис Дзæуджыхъæу дæр. Депутаттæ, районты сæргълæуджытæ, туристон къабазы минæвæрттæ дзырдтой, цы саразын хъæуы, цæмæй нæ регионы туризм уа бæрзонд æмвæзадыл.

Йæ разныхасы Тускъаты Таймураз фæнысан кодта, национ проекттæ æмæ программæты фæрцы нæ горæттæ æмæ хъæутæ кæй фæаивдæр сты, ног фæндæгтæ, фæлладуадзæн парктæ æхсызгондзинад хæссынц бынæттон адæмæн æмæ уазджытæн дæр.

– Хицауады куыст ахадгæ уæд вæййы, æрмæст æнтыстытыл нæ, фæлæ лыггæнинаг фарстатыл дзурынмæ цæттæ куы вæййы, уæд. Цæуыл бакусæм, уый нын ис. Размæцыдæн ахъаз чи уыдзæн, уыцы проекттæ райдайæм лæмбынæгдæр æвзарын. Цы субсидитæ дæтты паддзахад, уыдоны нысан у æнæивгæ – экономикæйы рæзт, куысты ног бынæттæ æмæ нæ республикæ æвдисын, куыд хъæздыг культурон бынты центр, афтæ, – загъта Парламенты Сæрдар.

РЦИ-Аланийы экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерлан йæ раныхасы загъта, хæстæгдæр азты, сæ аргъ иу миллиард сомæй фылдæр кæмæн у, ахæм 9 егъау инвестицион проектыл куыст кæй цæудзæн. Цæстдард ис, цæмæй паддзахадон æхцатæ нысанмæ хардзгонд цæуой. Æнæмæнг хорзыл банымайæн ис, туристон хъалон фыццаг азмæ бюджетмæ æфтиаг кæй æрхаста 16 милуан сомы бæрц.

– Уыцы-иу рæстæг кадртæ цæттæ кæныныл дæр хъуыды кæны республикæ. Аттестацигонд гидты нымæц 60 проценты фæфылдæр ис, сты 180 адæймаджы. Кусы портал «Открой Осетию», арæзт цæуынц æндæр мадзæлттæ. Фæлæ сæвзæргæ экономикон уавæрты туристон къабаз æвзары къуылымпытæ, зæгъæм, авиабилеттæ  фæзынаргъдæр сты дыууæ хатты, æмæ уыцы хъуыддаг туристты нымæцыл фæзынд.

Адæмæн æппæты уарзондæр маршруттыл нæ фаг кæны инфраструктурæ, стæй, уазджытæн чи лæггад кæна, ахæм специалисттæ. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ саразынæн хъæуы сæрмагонд республикон программæ, – загъта Хлойы-фырт.

Туризмы рæзты сæ фæлтæрддзинад æмæ фидæны пълантимæ базонгæ кодтой Дзæуджыхъæу æмæ Æрæфы районы сæргълæуджытæ.

Афтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав загъта:

– Дыууæ азмæ нæ горæт суазæг кодта милуанæй фылдæр туристы æмæ Кавказы культурон центры ном хæссы сæрыстырæй. Горæты рæзты пъланыл кусгæйæ нæм фæзынд тематикон трамвайтæ, Нарты кадджытимæ баст арт-объекттæ, хъæлдзæг æмæ цымыдисаг фестивальтæ.

Горæты историон центрмæ уæлдай æргом здахæм, радих ын кодтам 110 милуан сомы бæрц, 37 милуан сомы та бахардз кæндзыстæм цалцæггæнæн куыстытæ æмæ йæ хуызджын цырæгътæй саив кæнынæн.

Бындурон цалцæг æрцæудзæн «Дурæй конд горæты картæ» дæр.

Туристон хъалоны ахадындзинад банкъардтам – 2025 азы бюджетмæ бацыд 12,2 милуан сомы. Ацы аз та хъуамæ 20 милуан сомæй къаддæр ма уа. Æнæмæнг, уыдон нæ горæты фæлгонцыл фæзындзысты, – ныфсджынæй загъта Милдзыхты Вячеслав.

Горæты аивдзинадæй уæлдай, нæ уазджыты дисы æфтауынц хæхбæсты æрдзы рæсугъддзинад, нæ адæмы уазæгуарзондзинад. Уый тыххæй парламентон байхъуыстыты дзырдта Æрæфы районы сæргълæууæг Хамыхъоты Роберт. Куыд загъта, афтæмæй Дыгургом йæхимæ æлвасы туристты, æмбал кæмæн нæй, ахæм альпинистон æмæ экологон маршруттæй, историон цыртдзæвæнтæй.

– Районы экономикæйыл размæ чи хæцы, ахæм фæрæз у туризм. Уымæ гæсгæ нæм кусынц æхсæз турбазæйы æмæ альпинистон лагеры, 384 бынаты дзы ис. Агротуризмы рæзтмæ не ’ргом здахæм, фондз фермерон хæдзарады фæйнæ 10 милуан сомы райстой гранттæ сæ проекттæн. Сæ нысан у нæ республикæйы уазджыты хъæууон цард æмæ хæрзад хæринæгтимæ зонгæ кæнын, ног куысты бынæттæ дæр дзы фæзындзæн.

Æнæмæнг хъæуы паддзахадон æххуыс, цæмæй раздахæм инвесторты æргом, æмæ нæ уазджытæн аккаг уавæртæ скæнæм, – загъта районы сæргълæууæг.

Профессион ахуырады фарстатыл дзырдта паддзахадон университеты экономикон факультеты декан Геннадий Родионов.

Экскурсоводты ассоциацийы президент Вячеслав Санников фæсидтис, цæмæй, бар кæмæ нæй, йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, уыцы аууоны кусæг гидты архайд бауромæм, стæй сбæлвырд кæнæм закъоны бындурыл, традицион нысаниуæг кæмæн ис, уыцы бынæтты статус.

Алывæрсыг ныхас цыдис  æмбырды – хæдтæхæгмæ билетты аргъ, стæй æнæзакъонæй кусæг таксистты тыххæй, кæй нæ фаг кæны санитарон бынæттæ æмæ хæрæндæттæ туристон маршруттыл.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, ацы фарстатæ лыггонд куы ‘рцæуой, уæд бахъахъхъæндзыстæм нæ рæсугъд æрдз æмæ традицитæ, нæ уазджытæн та уыдзæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ.

Æмбырдæй хатдзæгтæ скæнгæйæ, Тускъаты Таймураз æрлæууыд сæйраг
фарстайыл – хъæуы иумæйаг механизм туризмы къабазы рæзтæн, кæд хицæн программæтæ æнтыстджын сты, уæддæр.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here