Республикæйы Сæргълæууæг фембæлдзæн Алагиры районы цæрджытимæ

0
370

 

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав дарддæр фембæлдтытæ аразы Алагиры районы цæрджытимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИАланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИАланийы Хицауады пресс-службæ. Абон, 29 январы, республикæйы разамонæгæн ахæм фембæлд уыдзæн Ногхъæу æмæ Цæлыччы-фырты номыл поселочы цæрджытимæ. Республикæйы Сæргълæууæг æмæ бынæттон цæрджытæ æрдзурдзысты хъæууон адæмы ахсджиагдæр фарстатыл. Фембæлд уыдзæн Ногхъæуы Культурæйы хæдзары. Райдайæн — 18 сахаты æмæ 30 минутыл.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here