Бæлццæтты æдасдзинадæн — æппæт фадæттæ

0
347

 

Фæндаггон фæткы хæлдтытæн кæрон сæвæрынæн, стæй адæмы цард æмæ сын се ‘нæниздзинад бахъахъхъæнынæн Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады фæндагыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы управленийы кусджытæ æмæ управленийы Æхсæнадон советы уæнгтæ Дзæуджыхъæуы æххæст кæнынц профилактикон операци «Маршрутка».

Техникон домæнтæ чи не ‘ххæст кæны æмæ ивддзинæдтæ кæм арæзт æрцыдис, ахæм микроавтобустæ маршруттæм ма рауадзынæн барадхъахъхъæнджытæ кæнынц рейдтæ. Микроавтобусты уавæр бæрæг кæнынц маршрутмæ сæ рауадзыны агъоммæ æмæ маршрутыл цыды рæстæг дæр.

Ивгъуыд дыццæджы автоинспектортæ рабæрæг кодтой 40 микроавтобусæй фылдæры уавæр, административон барадхæлдтыты тыххæй сарæзтæуыд 15 суагъæйы.

Амынд æрмæджыты бындурыл автоиспектортæ цалдæр адæймагæй, раргом уæвæг хъæндзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл бардзырдтæ сын ратгæйæ, административон бæрнондзинад бадомдзысты.

Профилактикон операци æххæстгæнæг барадхъахъхъæнджытæ маршрутон такситы шофыртимæ æрныхас кодтой бæлццæтты ласыны æмæ фæндагыл цæуыны фæткыл. Æдасдзинадæн фадæттæ саразынæн, автоинспектортæ микроавтобустæй цæуæг бæлццæттимæ дæр кæнынц æмбарынгæнæн куыст.

2 февралы онг чи ахæсдзæн, уыцы профилактикон операци «Маршрутка» æххæстгæнæг автоинспектортæ архайынц бæлццæтты æдасæй ласынæн æппæт фадæттæ саразыныл.

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here