Партийы лæггад адæмæн

0
519

 

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгат Ирыстоны регионалон хайадæн уыд XXVIII конференци. Боны фæткы сæйраг фарста уыд партийы регионалон хайады ног разамонджыты æвзæрстытæ. Партийы Уставмæ гæсгæ хъуамæ æвзæрст æрцæуой «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон политикон совет æмæ партийы политикон советы президиум.

Конференцийы архайджытæ æркастысты æмæ хатдзæгтæ скодтой, федералон партион проекттæ РЦИ-Аланийы куыд арæзт цыдысты ивгъуыд, 2018 азы, уымæ. Партион проектты æххуысæй бирæ хъуыддæгтæ æрцыд арæзт. Сæ сæйраг нысан у æхсæнады æргом уыдонмæ здахын, стæй ма сын мадзæлттæ агурын.

«Адæмон цæстдард» — ацы проектыл дзуапдæттæг у регионалон координатор Тауитты Алыксандр. 2018 азы ацы проекты советы уæнгтæ цыдысты горæты базартæм, афтектæм, сæрдыгон та бæрæг кодтой сывæллæтты лагертæ.

Проект «Хистæр фæлтæр»-æн — (координатор Уыртаты Хъазыбег) йæ нысан у карджын адæмы цард фæхуыздæр кæнын. Саразынц бæрæгбæттæ, акцитæ, скъоладзаутимæ фембæлдтытæ, проекты бындурыл самал кодтой балцæгтæ санаторимæ. Уæлдай тынгдæр сбуц кодтой хæсты ветеранты.

Абоны домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æмбæлгæ уавæртæ саразын бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты цæрджытæн, горæты фæлладуадзæн бынæтты, — ууыл куыстой партион проект «Городская среда»-йы уæнгтæ, сæ сæргъы Таймазты Артур, афтæмæй.

Ивгъуыд азы кæрон Дзæуджыхъæуы байгом, инвалидтæ фехтованийæ кæм архайдзысты, ахæм зал. Ацы æмæ ма бирæ æхсызгон хабæрттæ сарæзтой, Цæллагты Жаннæ дзуапдæттæг кæмæн у, уыцы проекты архайджытæ.

«Культурæйы хæдзар», «Театр — сывæллæттæн» æмæ «Чысыл горæтты театртæ» — ацы æртæ проекты хауынц стыр партион проект «Культура малой Родины»-мæ. Афтæмæй цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты Цæлыччы Культурæйы хæдзары. Стыр финансон æххуыс райста куклаты театр «Саби». Ацы проекты регионалон координатор у Мæхъиты Зураб.

Æнæниз цардыуаг парахат кæнын, наркомани æмæ тамако дымыны ныхмæ профилактикон куыст — ууыл куыстой проект «Æнæниз фидæн»-ы архайджытæ. Дæрддзæф хъæутæм хæрзхъæд медицинон æххуыс хæццæ кæныныл куыстой Реуазты Ларисæйы разамындæй.

«Историческая память», «Школа грамотного потребителя», «Сывæллæтты спорт», «Æнгом бинонтæ», ацы проекттæ комкоммæ æххуыс бакодтой Ирыстоны адæмæй бирæтæн. Советы уæнгтимæ сыл бакуыстой регионалон координатортæ Остъаты Георги, Кæсæбиты Игорь, Хуыгаты Алан, Хъуысаты Амырхан. «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады XXVIII конференцийы куысты архайдтой партийы уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы æмæ районты минæвæрттæ.

Боны фæткмæ гæсгæ схъæлæс кодтой æмæ равзæрстой регионалон хайады секретары. Ныр дыккаг хатт уыцы бæрнон бынатмæ саккаг кодтой Ортабайты Тимуры. «Бузныг, ахæм стыр аргъ кæй скодтат мæ куыстæн», — загъта Ортабайы-фырт.

Фæстæдæр, сусæгæй хъæлæс кæнгæйæ, равзæрстой регионалон политикон советы уæнгты, æдæппæт 34 адæймаджы, стæй та регионалон политикон советы президиумы уæнгты.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here