Афганистан. Сæрды райдайæн. Цæхæры хуызæн дзæгæрæг бон. Раст цыма хур тæвдæн фæразондзинадæй зæххы фæлвæрдта, цыма дымгæйы базыртæ асаста æмæ йын хæхты сатæг комулæфт пырх кæнын нæ уагъта, афтæ. Уый та æрзоныг кодта зæххы хъæбысмæ, цыма йын æмвæтæнæг арвы бын æнусон уарзт æмæ иузæрдиондзинадæй ард хордта. Фæлæ уый уыд æцæгæлон бæстæ, æцæгæлон зæхх. Уый та хуымæтæг æфсæддон хæххон над фæндагыл хурмæ хиды мæцгæйæ зæхх сæрибар кодта рæмудзæн æрмæгæй.
Саулаты Валентины фырт Андрей. Ахуыргæнæг суæвын æй фæндыд, фидæны фæлтæрты историон цаутимæ зонгæ кæнын. Æрыдоны скъола-интернат каст фæуыны фæстæ бацыд æфсадæн, авиацийæн æмæ флотæн бархийæ ахъаз кæныны æхсæнадмæ. Уый фæстæ Æрыдоны районы хъæууонхæдзарадон техникæйы иугонды кусын райдыдта шофырæй, æмæ йæм уым фæсидтыты æфсадмæ. Йæхи курдиатмæ гæсгæ йæ бакодтой, Афганистанмæ службæ кæнынмæ кæй æрвыстой, уыцы лæппуты къордмæ.
Фондз мæйы сæ æфсæддон дæсныйадыл ахуыр кодтой Термезы. Уырдыгæй та сæ фæндаг уыд Кабулмæ. Бахауд 45-æм инженерон-саперон полчъы æртыккæгæм батальонмæ. Ногæй сын сарæзтой ахуыртæ. Амыдтой сын, минæты æмбæхсæн бынæттæ куыд агурын хъæуы æмæ куыд халгæ сты, уый. Ахуырты рæстæг сæ Кабулæй баппæрстой Парваны горæт Чарикармæ. Фыццаг хатт хæстон уавæрты дæр уым архайдта. Банкъардта, мæлæт куыд тæссаг у, хæст романтикæмæ кæй ницы бар дары, куыд æгъатыр æмæ уæззау у, уый дæр. Уый фæстæ йын ахæм хæстытæ иу æмæ дыууæ нæ уыдысты. Йæ хæс уыд фæндæгтæ минæтæй сыгъдæг кæнын, стæй сæ душманты фæндæгтыл æвæрын. Минæтæ… Цал хуызы уыдысты. Минæтæ фистæг æфсæдты æмæ техникæйы ныхмæ, минæтæ-сюрпризтæ, минæтæ-кассетæтæ æмæ къæппæджытæ. Андрей хорз хъуыды кæны, фыццаг минæ куыд ссардта æмæ йæ куыд райхæлдта, уый. Джелалабадмæ хæстæг хъæу Асадабады уыд.
Сæрды райдайæн, тынг тæвд бон. Хур дæ судзы. Хид дæ рустыл згъоры. Цæстытæ къахы. Дæуæн та фезмæлæн дæр нæй. Дæ хъуыдытæ баст сты æрмæстдæр минæимæ. Хъæуы дæ арæхстгай, уырзты бандзæвдæй хъавгæ архайын. Минæ куыд хинарæзт æмæ æвæрд у, уый бамбарын æмæ йæ райхалын. Рæдийæн дын нæй. Фæрæдыдтæ, уæд цæсты фæныкъуылдмæ фæйнæрдæм къабазгай фæтæхдзынæ. Æмæ нæ фæрæдыд, минæйæн нæ бакуымдта сайын, сарæхст. Фæуæлахиз, йæ уæнгтæ йын цы тас æндзыг кодта, ууыл дæр.
Минæтæ… Кæм сæ не ‘вæрдтой душмантæ, моджахедтæ, змæнтджытæ, фæндæгтыл, лæгæттæм бацæуæнты, къæдзæхты æнхъырдты, бæстыхæйттæм схизæнты бын, къухыдаргæ цырæгъты, магнитофонты, радиокусæнгæрзты, уæлæдарæсы, хуыссæнгæрзты, къухмæ цы дзаумæттæ райсæн уыд, уыдоны. Андрей куыд загъта, афтæмæй минæтæ уæлдай зындæр ссарæн уыдысты хæцæнгæрзты хæххон скълæдты. Ахæм лæгæтмæ цæугæйæ-иу сапертæ раластой сæ къахыдарæс, сфæлдæхтой-иу сæ фадгуытæ æмæ сæ уæлæдарæсы дыстæ. Цыдысты-иу сабыргай, зæгъæн ис, æнæулæфгæйæ, цæмæй, минæйæ цы лыстæг тел цæуы, уый бæгъæввад къахæй банкъарой, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тынг зын ыссарæн æмæ зынархайд уыдысты Италийы конд минæтæ дæр. Сæ æддаг цъар уыд пластикæйæ конд. Згъæр сæм нæ хæццæ кодта. Цыди дзы æхсæз килограммæй фылдæр рæмудзæн æрмæг. Инженерон кусæнгæрзтæй сæ ссарæн нæ уыд. æрмæст сæ-иу æддæмæ зынд гыццыл здыхт тел. Ахæм минæ йæ бон ссарын уыд цырддзаст, фæлтæрдджын, æнкъараг адæймагæн. Уыцы минæтæ тæссаг уыдысты уымæй дæр, æмæ сæ сæрты æнæфыдбылызæй ацæуæн уыд фондз машинæйæн, æхсæзæм та срæмудзын. Уымæн æмæ-иу зæххы уæлцъар раззаг машинæты уæзæй æрæфсæрста, æмæ-иу уæд фæстаг машинæйы бын минæ фехæлд. Тынг зын æдасгæнæн уыдысты, бынæй гранат, йæ сæрмæ та дыууæ минæйы кæмæн уыд, уыдон дæр. Фыдгæнджытæ, дам, арæх минæтæй арæзтой къæппæджытæ дæр. Иумæ сæиу цы тел баста, уый нæ бафиппайдтай, уæд дæ гуырæй райгæ у.
Минæтæ… Цал æмæ цал уыдысты Андрейы хæстон фæндæгтыл. Цал дзы ссардта, цал дзы райхæлдта, цал ныййарæг мадæн фервæзын кодта йæ хъæбулы. Афæдз æмæ фондз мæйы фæци Афганистаны æмæ къазармайы æрмæстдæр мæй æмæ ‘рдæг бафынæй кодта йæ хуыссæны. Æфсæддон разамонджыты та саперты арæхстджын къухты æххуыс тынгдæр хъуыд, радон операцимæ-иу куы цыдысты, уæд. Фæндæгтыл уæлдай зындæр кусæн уыд зымæгон уавæрты. Уазал дымгæ, дамиу, буары иннæрдæм хызт. Къухтæ-иу ныссалдысты, уырзтæ æфсæйнагыл æндæгъдысты, афтæмæй хъуыд кусын, фæндæгтæ сыгъдæг кæнын. Йæ комытæфæйиу йе ‘нгуылдзтæ ахъарм кодта æмæ-иу кæлæнгæнæгау минæйы телты сусæг æлхынцъытæ райхæлдта æмæ сыгъдæг кодта. Раст цыма мæнæ зæххæн хъæбулы лæггад кодта, уыйау лæууыд йæ уæрджытыл æмæ йын йе ‘рдзон рæсугъддзинад минæтæн халын нæ уагъта. Йæ фæллад æмæ йæ уды тас ницæмæ даргæйæ, æххæст кодта æфсæддон бардзырдтæ. Фидар уарт уыд, æцæгæлон бæстæйы сабырдзинадыл чи тох кодта, уыцы æрыгон хæствæллад лæппутæн. Æфсæддон разамонджытæ та æмбæрстой, иугæр Андрей колоннæты разæй фæндаг сыгъдæггæнгæ цæуы, уæд сын тас ницæмæй у. Æмæ йын уыцы лæгдзинад, фидар удыхъæд æмæ фæразондзинады тыххæй саккаг кодтой «Хъæбатырдзинады» æмæ «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майдантæ. Фæскомцæдисы Центрон Комитетæй та райста «Æфсæддон хъæбатырдзинады тыххæй» риуылдаргæ кады нысан. Бахъуаджы сахат-иу æй сбадын кодтой БТР-ыл, æмæ уым дæр равдыста, дæсны шофыр кæй у, уый.
Дæс æмæ ссæдз азы рацыд, Советон æфсæдты Афганистанæй куы ракодтой, уæдæй абонмæ. Хъуыд æви нæ хъуыд зын рæстæг скæсæйнаг сыхаг бæстæйæн хæстон цауты æххуыс кæнын, уымæн абон дæр рæстмæ дзуапп ничима радта. Æрмæст афгайнаг хæст йæхи уæззау фæд ныууагъта, æцæгæлон бæстæйы сабырдзинадыл чи тох кодта, уыцы лæппуты æмæ, сæ хъæбултæй чи бавдæлон, уыцы ныййарджыты удты. Æмæ кæд Андрей хæсты иу хатт дæр нæ фæцæф, кæд йæ хæдзарыл сæрæгасæй сæмбæлд, уæддæр дзы хæстон цаутæ рох нæ кæнынц. Арæх æй фæфæнды, цы фæндæгтыл фæцыд, йæ хидæй цы фæндæгты дойны суагъта, Афганистаны кæмыты хæцыд, минæтæй цы бынæттæ сыгъдæг кодта, уыдон фенын. Уым куы уыд, уæд та-иу мысыд йæ бинонты, йæ сыхы, йæ скъола, Иры хæхтæ. Кæд афгайнаг зæхх дæр хæхты хъæбысы уыд, уæддæр æм нæхи хæхтæ рæсугъддæр кастысты. Уым æндæр уыд адæмæн сæ дзыхыныхас дæр, æндæр ад ын кодтой сæ дон æмæ сæ хæринаг дæр. Хæринаг хъуаг та тынг уыдысты. Мæйгæйттæ-иу хъарм хæринаг уынгæ дæр нæ фæкодтой, æмæ-иу салдæтты хус хæринагæй сæ зæрдæтæ фæцъæх сты. Фæлæ уæддæр æрыгон уд фæразон у æмæ фæрæзта, æхсызгон уазæгау-иу æнхъæлмæ каст писмотæм. Æндæр æфсæддон хаймæ бахаугæйæ-иу агуырдта ирон лæппуты. Æмæ йын ахæм фадат дæр фæци. Джелалабады сæмбæлд, Афганистанмæ иумæ кæимæ бахауд, уыцы Цъеуты Аланимæ. Кæуылты уыд сæ цин. Иронау дзурынæй сæ мондæгтæ суагътой. Суанг ма доны сæхи дæр цынадтой. Иннæ хатт та æнæнхъæлæджы йе ‘мкъласон Хъесаты Коляимæ амбæлд. Æцæгæлон бæстæйы ахæм фембæлд, арвы дуар гомæй куыд фенай, уымæй уæлдай нæу. Æмæ адæймаг цалынмæ фæцæры, уæдмæ ахæм фембæлдтыты æхсызгон æнкъарæнтæ йæ зæрдæйы цæргæйæ баззайынц, рохы фæлм сыл æппындæр не ‘рбады.
Афганистанæй фæстагмæ кæй ракодтой, Андрей уыд уыцы æфсæддонтимæ. Æрыдонмæ та бонсихорафон фæзынд. Хæдзары æрмæстдæр йæ фыды баййæфта. Мад дуканийы уыд. Валентинимæ кæрæдзийыл ацинтæ кæныны фæстæ азгъордта йæ мады размæ. Йæ хъæбулы дардмæ фенгæйæ, Галинæ сагъдауæй баззад. Цалынмæ Андрей æфсады уыд, уæдмæ йæ зæрдæйы цы мæт æмæ сагъæстæ бамбырд, уыдон ын ныр фегом кодтой йæ уды дуæрттæ æмæ цины хъарм цæссыгтæй згъордтой йæ рустыл.
Рæстæг, дам, рохы базыртыл æнцайы. Гъе æрмæст Андрейæ дзæвгар рæстæг нæ ферох сты, цæрын цы хæстон уавæртыл сахуыр, уыдон. Уынгмæ рацæугæйæ, дам-иу, цыма минæйыл ныллæууынæй тарстæн, афтæ хъавгæ, къæхты бынмæ кæсгæйæ, цыдтæн. Мæхи хъахъхъæдтон рудзынджы цур лæууынæй. Фынæйгæнгæйæ та, дам-иу, алы сыбыртмæ дæр хæрдмæ фесхъиудтон. Фæлæ хæстон уавæрты цæрыныл куыд ацахуыр, афтæ фæстæмæ сахуыр сабырæй, сыгъдæг арвы бын цæрыныл дæр. Каст фæци паддзахадон университеты историон факультет. Кад æмæ радæй фæкуыста Æрыдоны районы мидхъуыддæгты оргæнты, уыд, хицæн ведомствоты бæрны чи нæй, ахæм кусæндæттæ хъахъхъæнæн хайады, у пъæлицæйы майор. Ныртæккæ та — районы национ гвардийы сæргълæууæг.
ХЕСТАНТЫ-БУТАТЫ Победæ














