Æппæт фарстытæ дæр хъуамæ лыггонд цæуой адæмы пайдайæн

0
399

 

Кировы районы цæрджытæй бирæты тыхсын кæнынц, газы хæдзарады минæвæрттæ бинонты размæ фиддонты хæстæ сæхгæныны фæдыл цы домæнтæ æрæвæрдтой, уыдон. Уыимæ, адæмæй бирæтæ разы не сты уыцы хæсты бæрцимæ. Уыцы фарстамæ бынæттон цæрджытæ аздæхтой Цæгат Ирыстоны Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВЫ æргом сæ радон фембæлды рæстæг.

Кировы районы сæргълæууæг Нæкуысаты Барисимæ Алексей Мачнев лæмбынæг байхъуыстой адæмы фиппаинæгтæм. Цæрджыты ныхасмæ гæсгæ, газы куыстуаты минæвæрттæ ивгъуыд аз декабры æрзылдысты хæдзæрттыл, æмæ, куыд фæнысан кодтой, афтæмæй счетчиктæ æнаиппæй кусынц. Фæлæ дыууæ — æртæ къуырийы фæстæ дæр контролертæ ногæй бабæрæг кодтой иуæй-иу хæдзæрттæ. Ацы хатт та газы хæдзарады минæвæрттæ акттæ сарæзтой, ома, счетчиктæн сæ пломбæтæ хæлд æрцыдысты. Уыцы æууæл хынцгæйæ, газы хæрдзтæ банымадтой иумæйаг рæстæмбисон тарифмæ гæсгæ. Афтæмæй хæдзæртты хицæуттæм барвыстой домæн, цæмæй сæ газы хæстæ (40 мин сомæй 80 мин сомы онг) æвæстиатæй сæхгæной.

Ацы хъуыддаджы фæдыл Алексей Мачневы хатдзæг уыд бæлвырд: фарстамæ лæмбынæг æркæсын æмæ йæ рæстагæй алыг кæнын. Парламенты Сæрдары ныхасмæ гæсгæ, фарста сæвæрдзæн æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Газпроммежрегионгаз Владикавказ»-ы разамынды размæ.

Бынæттон цæрджытæ республикæйы закъонæвæрынадон оргæны разамонæгæн радзырдтой, Кировы дзулфыцæн заводы цы уавæр сæвзæрд, уый тыххæй дæр. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ссады аргъ зынгæ кæй сырæзт, уый аххосæй куыстуаты архайд æфтиагджын нæу, уымæн æмæ дзулы аргъ фидаргонд у 26 сомы бæрцæй. Куыстуаты хæрдзтæм гæсгæ та иу дзулы аргъ хæццæ кæны 29-30 соммæ. Заводы директор Сæлбиты Верæ куыд радзырдта, афтæмæй ахæм уавæрты куыстуаты дарддæры архайд ахъуыдыйаг у. Дзулфыцæн заводæн паддзахадон æххуыс дæттын кæй хъæуы, уыцы хъуыдыйы фарс рахæцыд районы сæргълæууæг дæр. Алексей Мачнев фарста йæхимæ фæбæрæг кодта æмæ зæрдæ бавæрдта, паддзахадон субсидитæ уаргæйæ, гæнæн æмæ амалæй нæ ферох кæндзысты Кировы дзулфыцæн завод дæр.

Кировы районы цæрджытæ Парламенты Сæрдармæ бахатыдысты бирæ æндæр фарстытимæ дæр — социалон хъахъхъæнынад, коммуналон лæггæдтæ, транспортон бастдзинад æмæ афтæ дарддæр. Фембæлдæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Алексей Мачнев куыд фæнысан кодта, афтæмæй æппæт фарстытæм дæр каст æрцæудзæн.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here