Бур арс

0
748

 

Цæгат Ирыстоны ацы сырд цæры хъæдæхгæд къуылдымтæ æмæ хæхты цъассыты. Цуанæттæ йæ буцдæрæн «тъæпæн къах» фæхонынц. Ахæм ном арсыл цæмæн сбадт, уый зын бамбарæн нæу, куы йæм бакæсай, уæд.

Арс у стыр хъаруйы хицау. Æнцонæн срæмудзы бæласы бындзæфхæдтæ. Уæдæ йæм ис хиндзинад дæр. Зымæгон уат цæттæ кæныны рæстæг арс æдзухдæр фæархайы йæ фæд фесафыныл — цалдæр хатты æрзилы хуыггомы алыварс. Цуанæттæ куыд дзурынц, афтæмæй хатгай фæцæуы фæстæрдæм дæр, цæмæй, йæ хуыггом кæм ис, уый мачи базона, æмæ зымæг-зымæджы дæргъы æнæмæтæй фынæй кæна.

Кæй зæгъын æй хъæуы, бур арсæн ис знæгтæ дæр. Фыранкимæ мæлæтдзаг тохы бацæуы Дард Хурыскæсæны. Цæгат Ирыстоны хъæды арсыл хъæддаг хуы дæр фæтых вæййы, нæ фидауы бирæгътимæ дæр. Фæлæ æрсытæ уæддæр кæрæдзийæн сты уæлдай знагдæр. Арæх се ‘хсæн тох бацайдагъ вæййы, фыдбылызтæ æрцæуы.

Иуæй-иутæ фæдзурынц, зæгъгæ, бур арс у уæзбын цæрæгой. Фæлæ куы бахъæуы, уæд йæхи равдисы арæхстджынæй. Хатгай цалдæргай километртæ фезгъоры æнæрлæугæйæ. Уæдæ холымæ куы фæхъуызы, уæд та æдзухдæр — æнæ сыбырттæй, цæмæй йæ амæддаджы ма фæтæрсын кæна.

Куыд загътам, афтæмæй бур арс иннæ сырдтæй бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны. Диссаг у, æвæдза, йæ цард, уæлдайдæр та йæ зымæгон фынæй. Рæстæмбис нымадæй, йæ уæз цалдæр центнеры кæмæн вæййы, ахæм арс æнæ дон, æнæ хæринагæй 165 суткæйы арвиты хуыггомы.

Ацы рæстæг арсы буары æппæт царддæттæг миниуджытæ цæхгæр фæсындæгдæр вæййынц. Сырд нал фæрæзы, зæрдæйы цæф дæлæмæ æрхауы. Уымæй уæлдай йæ улæфт къуыхцы кæнын райдайы. Хатгай дыууææртæ минуты нал фæулæфы, буары тæвд 38 градусæй æрхауы 29 градусмæ.

Уæвгæ, кæд арс тарф фынæй фæкæны, уæддæр æнцонæй райхъал вæййы. Дзырдæн, тыхджын дымгæ бæлас рафæлдæхта хуыггомыл, зæгъгæ, уæд ныууадзы йæ хуыссæнуат æмæ хъæды удаистæй дард фæлидзы.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй арс зимæгиуат кæныны агъоммæ цалдæр боны нал фæхæры. Ахсæн, тъæнгтæ, мисындзæг куы равдæлон вæййынц, уæд ныббыры йæ хуыггоммæ. Хæринаг та раздæр уымæн нал фæхæры, цæмæй йæ хуыссæнуат уа сыгъдæг.

Зымæджы мæйты арс смæллæг вæййы. Фæлæ уалдзæджы дæр у хъаруджын. Хуыггомæй рахизыны фæстæ дыууæ къуырийы куы рацæуы, уæд æххормаг кæнын райдайы. Ахæм рæстæг арс фæхæры хъæддаг сырдты мæрдтæ, балæбуры фосы рæгъæуттæм дæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, арс зымæджы йæ сойы руаджы кæй аирвæзы, уый алчидæр зоны. Фæззæджы мæйты хæринагыл уæлдай зыддæр кæны. Суткæйы дæргъы фæхæры дыууадæс сахаты бæрц. Зымæгиуаты агъоммæ хъомыл арсæн йæ уæзы 35 проценты вæййы сой.

Алыхуызон иртасæнтæ куыд равдыстой, афтæмæй зымæджы дæргъы хардзгонд æрцæуы сойы 15-20 проценты. Иннæ хай та арсы бахъæуы, уалдзæджы хæринаг кадавар куы вæййы, уыцы рæстæг.

Кæм цæра, уымæ гæсгæ арс уарзы алыхуызон хæринæгтæ. Зæгъæм, Дард Хурыскæсæны уарзы еугæфкалæг кæсæгты. Цæгат Ирыстоны хъæд æмæ уæлхох быдырты хæры мæнæргъы, дзедыр, хъæддаг кæрдо, æндæр дыргътæ æмæ гагадыргътæ.

Арс хæринаг æвзарынмæ куыд дæсны у, уый тыххæй æрхæсдзыстæм ахæм дæнцæг. Алагиры хъæды хæдзарады хъæдгæсæн Црауы æдде, Къоригомы уыдис нартхоры хуым. Йæ фылдæр хай хæмпæлгæрдæджы ныхмæ пырхгонд æрцыд гербицидæй, иу къуымæн та ацы буаргъæд нал сфаг. Фæззæджы арс хъæдæй æрхъуызыд хъуыдыды нартхоры хуыммæ. Алырдæмты басмыстытæ кодта. Гербицид пырх кæм уыд, уыцы ран арс ставд æфсирты астæуты бацыд æмæ æнæзылд къуымы дзенкъортæ фæхордта.

Уæвгæ, арс канд зайæгойтæ нæ хæры. Тугдзых у, зæгъгæ, дзы куы зæгъæм, уæд, æвæццæгæн, нæ фæрæдидзыстæм. Арæх, уæлдайдæр та хæхбæсты, арс балæбуры стурвос кæнæ суанг бæхрæгъæуттæм дæр. Фылдæр хатт йæ холы баныгæны æмæ йæ фæстæдæр æмбыдæй бахæры. Хæрынмæ та арсы ницавæр цæрæгой амбулдзæн. Иу хæрдæн алыхуызон хæринæгтæ «ауадзы» дæс килограммы бæрц. Амæй стырдæр стур ма ныууадз, уый йын хæрд фæвæййы 10-12 суткæмæ.

Мадæл арс ныззайы дыууæ кæнæ æртæ лæппыны. Уыдон вæййынц хæрз чысыл. Фылдæр хатт сæ алкæй уæз дæр хæццæ фæкæны 500 граммæ. Фæлæ мады æхсыры хъæстæ куы фæвæййынц, уæд уайтагъддæр айрæзынц. Ахæм æрсытæ вæййы, æмæ сæ уæз 350- 400 килограммы онг кæмæн фæхæццæ кæны.

Цуанæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй арс цæры 30 азы бæрц. Фæлæ ацы сырд йæхи низæй арæх нæ мæлы. Тынгдæр æй куынæг кæнынц æххормаг рæстæджы. Зæронд кæнæ топдзæф чи вæййы, ахæм æрсытæ æвзæр уавæртæн нæ быхсынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, арс махæн у фæкæсинаг цæрæгой. Йæ мыггаг ихсийын кæй райдыдта, уымæ гæсгæ цалдæр азы размæ хаст æрцыд РЦИАланийы Сырх чиныгмæ. Фæлæ уый æгъгъæд нæу. Хъуамæ ацы сырд хуыздæр хъахъхъæд цæуа æнæзакъон цуанæттæй. Бирæтæ хъуыды кæнынц, зæгъгæ, арсæй адæймагæн тæссаг нæу. Æцæгдæр, сырд топдзæф куы нæ уа, йæ лæппынтæн куы нæ тæрса, уæд цы хъуамæ ракæна адæймагæн? Фæлæ, фыдбылыз — хъуынджын уæрцц, фæзæгъынц. Цалдæр арсæй иу хъуамæ йæ тых бавзара адæймагыл. Уый та æнæнхъæлæджы нæ вæййы.

Бирæ хæттыты бур æрсытæ фыдбылызтæ ракæнынц суанг цирчы дæр. Мæстыгæр кæй сты, уымæ гæсгæ бæрæг нæу, цы рæстæг сызнæт уыдзæн, уый. Уæлдай знæтдæр вæййынц, зымæгиуат кæнынмæ хуыггомы чи ныббыры, ахæм æрсытæ. Уыдон адæймагимæ фембæлыны рæстæг сæхи равдисынц æгъатырæй. Уæдæ зымæджы хъызты арсы райхъал кæнынмæ йæ ныфс чи бахæссы æмæ фыдбылызы чи бахауы, уыдон раздæр цæуыл фæхъуыды кæнынц?

Фылдæр хатт хъæды кæнæ хæхбæсты адæм арсыл фембæлынц мæнæргъы, дзедырæг, æндæр гагадыргътæ æмбырд кæнгæйæ. Ахæм рæстæг лидзын нæ хъæуы. Арсы фæтæрсын кæныны тыххæй хорз у кæрæдзимæ хъæрæй ныхас кæнын. Куыд загътам, афтæмæй та йæ разæй лидзæн нæй, дыууæ гæппæн дæ баййафдзæн. Хуыздæр у, цалынмæ ацæуа, уæдмæ банхъæлмæ кæсын. Иугæр æрбалæбурдта, уæд хорз мадзал у дæхи марды æфсон скæнын.

Иу ныхасæй, арс у тæссаг сырд, æмæ дзы адæймаджы йæхи хъахъхъæнын хъæуы.

ТОХСЫРТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here