Проект æххæст кæнынц

0
496

 

Дзæуджыхъæуы презентаци скодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фæсивæдон проект «ПолитСтартап»-æн.

Рагагъоммæйы хъæлæскæнынады фæсивæды архайдæн чи ахъаз кæны, партийы цæгатирыстойнаг регионалон æххæсткомы разамонæг Едзойты Марат кадрон уыцы проекты тыххæй хабæрттæ бæлвырдæй радзырдта.

— Регионы закъонæвæрынадон æмбырдмæ, науæд административон центрмæ æвзæрстытæ кæм цæуынц, бæстæйы æппæт ахæм субъекттæ æххæст кæнынц нæ проект. Æхсæнадон-политикон куысты стыр фæлтæрддзинад кæмæ нæй, «ПолитСтартап»-ы архайыны бар ис 18- 35-аздзыд уыцы уæрæсейæгтæн. Ацы бонæй фæстæмæ æрыгæттæн ис кандидаты, кæнæ политтехнолоджы хуызы проекты сайты хи регистраци скæныны бар. Проекты архайды фæрцы æрыгæттæн уыдзæн сæ зонындзинæдтæй политикæйы спайда кæныны фадат, федералон æмæ регионалон зондамонджыты фæлтæрддзинад нымайгæйæ, — загъта Едзойы-фырт.

Фарон бæстæйы 24 субъекты æнтыстджынæй баххæст кодтой амынд проект. «ПолитСтартап»-ы фæрцы фæсивæд рагагъоммæйы хъæлæскæнынадмæ æргом здахынц раздæрæй фылдæр

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here