Театр сын аивта сæ цард

0
971

Кæронмæ æрхæццæ, Беслæны фыццæгæм скъолайы фыдбæллæхы цы сывæллæттæ бахауд, уыдоны æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны фæдыл иуæндæс азы цы хæрзаудæн культурон-реабилитацион программæ æххæстгонд цыд, «Театр — Беслæны сывæллæттæн», уый. Уыцы æмгъуыдмæ бæллæхы бахауæг сывæллæттимæ куыстой дунейы хуыздæр специалисттæ. Архайдтой алы мадзæлтты руаджы, сывæллæттæ æмæ ахуыргæнджыты удты фæстеракт цы хъæдгæмттæ баззад, уыдон бадзæбæх кæныныл. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта. Программæйы хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райста «Мæскуыйы банк».

Сабаты Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг театры программæйæн скодтой кæронбæттæны хатдзæгтæ. Архайдтой дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Огъуаты Алан, РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Атайты Мæдинæ, «Мæскуыйы банчы» маркетинг æмæ рекламæйы департаменты вице-президент Мамсыраты Евгения, Дзæуджыхъæуы «Мæскуыйы банчы» Стъараполаг регионалон хайады сæргълæууæг Дзгойты Зауырбег, «Театр — Беслæны сывæллæттæн»-ы программæйы бæрнон æххæстгæнæг, продюсер, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг Марк Литвак, Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры аивадон разамонæг, УФ-йы адæмон артист Владимир Уваров, Беслæны фыццæгæм гимназы директоры хæдивæг Ганиты Еленæ æмæ ацы хæрзаудæн акцийы кæронбæттæны архайæг, театр æмæ кинойы зындгонд актер, Уæрæсейы адæмон артист, Мæскуыйы Нациты паддзахадон театры аивадон разамонæг Евгений Миронов. — Программæ райгуырд адæмы хъынцымæй. Иуæндæс азы дæргъы Ирыстонмæ цы дунейы зындгонд артисттæ æрцыд, уыдон иууылдæр архайдтой æнæ гонорарæй, — загъта Марк Литвак. — Райдайæны ахуыргæнджыты Мæскуымæ куы фæхуыдтой, уæд театрæн йæ койæ дæр дард лыгъдысты. Цæй театр ма сæ æндæвта теракты фæстæ. Фæлæ спектаклы архайд сæ зæрдæмæ афтæ арф айстой, æмæ сын сæ рустыл УФ-йы Театралон архайджыты цæдисы сæрдар, актер, режиссер Александр Калягин цæссыгтæ куы федта, уæд æрцыд ахæм хатдзæгмæ, театралон аивадæй террористон фыдракæнды бахауджыты рыст уды хъæдгæмттæ сдзæбæх кæнæн кæй ис. Йæ хъæбысы сæ æрбакодта æмæ загъта: «Ныр, æз æнæ дызæрдыгæй зонын, театр сын фæуыдзæн ахъаз», — загъта Калягин. Æмæ нæ фæрæдыд. Программæйы фæлгæты æдæппæт æвдыст æрцыд æртæсæдæ спектаклы. Сæрмагонд бынат бацахста Денис Мацуевы хæрзаудæн концерт. Ахсджиаг уыд Константин Станиславскийы æмæ Владимир Немирович -Данченкойы номыл Мæскуыйы академион Музыкалон театры концертон программæ. Спектакльтæ равдыстой Мæскуыйы театр «Et cetera», Мæскуыйы, Екатеринбурджы, Самарæйы рæзгæ фæлтæрты театртæ, Мæскуыйаг театр «Тень»— «Театралон терапия»(спектаклы архайдтой Беслæны скъолайы ахуырдзаутæ сæ ныййарджытимæ), реабилитацион программæ Беслæны скъолайы ахуыргæнджытæн — «Театралон терапия» Санкт-Петербурджы. Сфæлдыстадон фембæлдтытæ сын уыд Гоша Куценко, Марк Розовский, Еленæ Горина, Ярослав Пулинович, Виктор Рыжаков æмæ бирæ æндæр зындгонд артисттимæ. Кæфтыты дæсны Константин Мишин равдыста мастер-класстæ. Уымæй уæлдай театрты сфæлдыстадон къордтæн се ‘ппæтæн дæр уыд сфæлдыстадон фембæлдтытæ скъоладзаутæн сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытимæ. Программæйы разамонджытæ æвзæрстой хуыздæр спектакльтæ, цæмæй ссарой фæндаг сывæллæтты зæрдæтæм, æмæ ног баууæндой цардыл. Уыцы уацмыстæ æрмæст Беслæны сывæллæттæн не ‘вдыстам, фæлæ Дзæуджыхъæуы цæрджытæн дæр Вахтанговы номыл театры. Сывæллæттæ куыд рæзыдысты, афтæ нæ репертуары дæр цыд хъæугæ ивддзинæдтæ. Уыцы æмгъуыдмæ спектакльтæ, концерттæ æмæ сфæлдыстадон фембæлдтытæ бабæрæг кодтой дыууын иу мин адæймагæй фылдæр. Программæйы архайæг къордтæн куыд сæхимидæг, афтæ Ирыстоны цæрджытимæ дæр фæзынд хæлардзинады бастдзинæдтæ. Ирыстонæй программæйы архайджытæ фæстæмæ куы ацæуынц, уæддæр ма ирон адæмы бафæзмгæ удыхъæд æмæ хæлардзинады тыххæй бирæ рæстæг фæдзурынц сæ хиуæттæн. Программæ сывæллæттæн ахъаз кæй фæцис, ууыл дзурынц, хъус сæм чи дардта, уыцы специалисттæ, сæ хатдзæгты æмæ сывæллæтты хъæлдзæг мидбылхудт. Ацы хæрзаудæн программæ æнæ къуылымпыдзинæдтæй кæронмæ кæй руаджы ахæццæ, уыдонæн кадджын уавæры РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнг Битарты Вячеславы номæй арфæ ракодта Огъуаты Алан æмæ сын радта бузныджы ныхæстимæ Кады гæххæттытæ. Беслæны сывæллæтты монон æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынмæ Евгений Миронов йæ архайдæй стыр æвæрæн кæй бахаста, хæрзаудæн культурон программæ «Театр — Беслæны сывæллæттæн»-ы архайгæйæ, уый фæдыл хорзæхджынгонд æрцыд РЦИ-Аланийы адæмон артисты номæй.

— Бузныг. Ирон адæмæн суанг сæ сабитæ дæр мæ цæсты сты хъæбатыртæ. Ахæм уæззау цæфæн чи ныффæрæзта. Разындис уæм стыр хъару, æмæ уын макуы байсысæд. Хорз фысым мын кæй стут, уый тыххæй — уæлдай бузныг. Хорз уаид, ацы программæ йæ кæроны стъæлф нæ, фæлæ æндæр культурон проектæн бындур куы бавæрид, уый. Зæгъæм — ног культурон фестивалæн. Ууыл цыд ныхас программæйы разамонджыты ‘хсæн дæр. Æнтыстджын ут. Мах та абонау æрбалæудзыстæм уæ фарсмæ. Бон раздæр артистæн уыд сфæлдыстадон фембæлд Беслæны фыццæгæм гимназы скъоладзаутимæ. «Аивадон терапия» — афтæ хонынц специалисттæ ацы фембæлдтытæ. Евгений куыд радзырдта, афтæмæй арæх фæархайы сывæллæттимæ фембæлдтыты, фæлæ, ахæм æнгом, æргом æмæ хъарм ахастдзинæдтæн нæма уыд æвдисæн. Сывæллæттæм разынд бирæ фæрстытæ, æмæ сын артист дзуапп лæвæрдта. Истой йемæ сæ къамтæ. Бирæты та бафæндыд, скъола каст фæуыны фæстæ, артисты дæсныйад райсын. Пресс-конференцийы дыккаг хайы уыд сфæлдыстадон фембæлд Евгений Мироновимæ. Архайдтой дзы дзыллон-хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, нæ республикæйы театрты артисттæ, æмæ, ацы курдиатджын артисты аивадæн стыр аргъ чи кæны, нæ горæты уыцы цæрджытæ. Артист радзырдта йæ царды хабæрттæй, цы кинонывты ахъазыд, æмæ нырыккон киноаивадмæ цы цæстæнгас дары, уый тыххæй.

ХЕТÆГКАТЫ-УАНИТЫ Оксанæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here