Михойы дугъ

0
3774

Экраныл цæуы киноныв «Чемпион». Залы — бирæ адæм. Къухбакæнæн дæр дзы нал ис. Астæуккаг рæнхъытæй иуы бады Михо дæр. Йæ худ дæр нæ систа, афтæмæй, йæ фæстæ чи бады, уыдоны фыдæнæн æнцад æнæмæтæй кæсы кинонывмæ. Ноджы ма йæ фарсмæ бадт фæцис бурдзалыг, цъæхдзаст æрыгон рæсугъд чызг, æмæ уый цæстмæ йæхи бынтон хъалхуызæй æвдисы. Мæнæ дыууæ богалæн гауызыл бацайдагъ карз тох.

— Ехх, ныр æз уым куы фестин, уæд сын, æцæг лæппу цы у, уый бæргæ фенын кæнин! — киномæ кæсгæйæ, сæрыстæрæй йæ риу бахоста Михо. — Æгæр уæнгмардæй хæцынц… Иугæр лæджы хæрдмæ систай, уæд æй хъуамæ йе уæнтыл æрæвæрай, æндæр ма йæм, гогыз бындзмæ куы кæса, уый дзагъултæ кæнын цæмæн хъæуы.

— Æвæццæгæн, ды дæр богал дæ? — афарста йæ йæ фарсмæ бадæг чызг.

— Уæллæй дæн! Æппæлыныл ма уæд, фæлæ уæгъдибар хъæбысхæстæй дæр дæн спорты мастер. Дзю-до æмæ боксæй дæр чемпион бирæ хæттыты уыдтæн, — фæкъæртт Михо.

— Гъо-гъо! — сæрыстырæй загъта чызг дæр. Михо йæхицæй ноджы тынгдæр ныббуц. Чызджы цæстмæ йе ‘ппæлæн ныхæстæн кæрон нал уыд. Кинойæ Михо æмæ уыцы чызг рацыдысты дыууæйæ. Чызг разынд киноактрисæ. Йæ ном — Юлия. Ирыстоны истой ног киноныв. Михойы хъустæ фырцинæй цæхæртæ уагъой: ныр йе ‘мбæлттæн æппæлдзæн, кинойы стъалытæй иуимæ кæй базонгæ, уымæй. Уæдæй фæстæмæ арæхæй-арæхдæр æмбæлын райдыдтой Михо æмæ Юлия. Куыд фæзæгъынц, Михо йæ дыууæ хъусы онг æгасæй дæр аныгъуылд уарзты æнæбын суадоны. Æдзухæй дæр ын йæхицæй æппæлыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ афтæ банхъæлæн уыд, æмæ зæххыл ацы лæппуйæ хъаруджындæр æмæ ныфсджындæр нæй. Иу райсом та Михо æмæ Юлия сæхи байстой фæлладуадзæн парчы ‘рдæм. Базылдысты Терчы былмæ. Михо та йæхицæй æппæлыныл схæцыд:

— Æфсады службæ кæнгæйæ иухатт æхсæзы фæнадтон, — йæ тæнæг рихиты бын хинхудт кæны Михо. — Хъæбысæй та-иу ерысты мæхицæй дыууæ хатты уæззаудæртимæ хæцыдтæн, фæлæ ме уæнтæ никуы андзæвыдысты гауызыл… Æмæ йын цынæ хиппæлой ныхæстæ кодта. Уалынмæ дын кæсы, æмæ æваст сæ уæлхъус æнæнхъæлæджы февзæрдысты дыууæ къæсхуыр, даргъ æмæ цыбыргомау лæппуйы. Сæ цæсгæмттæ — æнæдаст. Сæ иу чызджы хызыныл ныххæцыд, иннæ раивæзта лæппуйы дыс. Райхъуыст йæ дæндæгты къæс-къæс.

— Ныртæккæ дæ æз бумбули фестын кæндзынæн… Æнæхъæнæй дæр дæ ахæрдзынæн… Михойы уæнгтæ адон сты. Йæ тыппыр русты туг цыдæр æрбаци. Йæ зæрдæ фæцæйхъарм кодта. Куыддæртæй ма йæхиуыл фæхæцыд æмæ йæ тых йæ бонæй лидзгæ. Фыртахтæй йæ иу туфли дæр фæндагыл ахауд. Йæ фæстæ ма ноджыдæр ныййарц сты цалдæрæй. Михо ма сæм фæстæмæ удаистæй фæкаст æмæ бынтондæр фæтарст. Йæ фæстæ чи згъордта, уыдон æм ныддардтой цавæрдæр аппараттæ. «Æвæццæгæн сæм цыдæр ног хæцæнгæрзтæ ис», ахъуыды кодта Михо æмæ ноджы тынгдæр фæцагайдта размæ. Тыхтæ-фыдтæй ма фервæзт Михо. Цалдæр боны хæдзарæй дæр нæ ракаст. Нæма йæ уырныдта, æцæгæйдæр æгасæй баззад, уый.

— Æвæццæгæн, мæгуыр, Юлияйы амардтой, — тарст хъуыдытæ ленк кодтой йæ сæры магъзы. — Бæргæ ма йæм дзырдтон, лидзгæ кæн, зæгъгæ, — йæхи хордта Михо.

— Исчи ма ахæм лæгмартæм ныхасмæ лæууы.

— Цæй, бадзурон æм, — сфæнд кодта Михо æмæ ризгæ къухæй систа телефоны хæтæл. Йæ хъустыл ауад Юлияйы хъæлдзæг ныхас:

— Æз ма дæм, Михо, уæхимæ дзурынмæ хъавыдтæн, фæлæ дын дæ телефоны номыртæ нæ зыдтон, — дзырдта Юлия. — Михо, ды тынг молодец рауадтæ. Æвæццæгæн, фæтарстæ, и? Уыдон иууылдæр нæ киностудийы артисттæ æмæ оператортæ уыдысты. Тæрсаг, хиппæлой лæппу йæ уарзон чызджы куыд ныууадзы, уый тыххæй нæ киномæ хицæн ныв сисын хъуыд, æмæ нæ ды фервæзын кодтай. Бузныг, стыр бузныг. О, хæдæгай, нæ режиссер куыд зæгъы, афтæмæй, дам, уыцы лæппуйы æнæмæнг бацæуын хъæуы рог атлетикæмæ. Дугъы уайынæй йæ разæй бирæты нæ ауадздзæн. Чызг ма йын ноджы цыдæртæ зæгъынмæ хъавыд, фæлæ Михо уæнгмардæй æрæвæрдта телефоны хæтæл.

ЧЕРЧЕСТЫ Хъасболат

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here