Физонæг цæмæй хус æмæ судзгæ ма кæна, уый тыххæй духовкæйы бавæрын хъæуы дон чысыл къусы.
******
Ногахст кæсаг хъуынайы тæф нал кæндзæн, уазал цæхджын доны йæ куы ныхсай, уæд. Лæгъз кæсаг сыгъдæг кæнгæйæ, дæ æн-гуылдзтæ тул цæххы.
******
Кæд хъæрмхуыпп фæцæхджын, уæд дзы сыгъдæг хæцъилы бастæй афыцут иу агуывзæ ссад кæнæ пырындз. Уыдон цæхх тынг æлвасынц сæхимæ.
******
Картоф фыцгæйæ тар куы кæна, уæд æй, цы доны фыцай, уый литрмæ æфтауын хъæуы иу хæрыны уидыджы дзаг уксус.
******
Салд дзидза æртæфсынмæ бауадзын хъæуы æнæ донæй 18-20 градусы хъарм уæлдæфмæ.
******
Хъæбæр стуры дзидза фæфæлмæндæр уыдзæн æмæ æнцондæрæй сфыцдзæн, горчицæйæ сæрс-тæй йæ æхсæз — аст сахаты бауадзгæйæ. Фыцыны размæ йæ ногæй ныхсын хъæуы уазал донæй.
******
Къуыдырфых дзидза хъæрмхуыппæй сисын фæхъæуы æвæстиатæй æмæ йæ фынгыл æрæвæрыны онг дарын хъæуы хæрз чысыл басимæ æмбæрзт аджы.
******
Фых халсартæ доны дарæн нæй, сæ ад сæфгæ кæны.