ИРОН ÆВЗАГ

0
1256

Абайты Васойæн
«Язык так же древен, как и сознание» К.МАРКС

Æз райгуырдтæн ирон æвзаджы равзæрдæй,
Мæ уд дæ зæлтыл мин-мин аз фæцыд:
Æрцыдтæ мæм æрвон дунеты рагзæлтæй,
Куыд фæцæуы йæ фырты уынæг фыд.

Рæвдыдтай ды ирон удты дæ узæлдæй,
Хæцыдтæ сыл æрвон тыхæй æнгом:
Æрттывтай мæм æрвон рухсау нæ фыдæлтæй,
Дæуæй рæвдыд нæ адæмæн сæ ном.

Сæрыстыр дæн æз арвы бын мæ фыдæлтæй,
Зæххыл ныууагътой намысæн сæ ном:
Ныхасы фарн сæйрагдæр у лæджы зæлтæй,
Ариаг дзырдæй равзæрдис ирон!

Æз дæн ирон ирон ныхасы уаз зæлтæй,
Мæ уд сæ цинæй дунемæ æрцыд:
Æз райгуырдтæн ирон æвзаджы равзæрдæй,
Мæ размæ та — мæ мад æмæ мæ фыд!

Ирон дзырдтæн сæ равзæрд у æрвон зæлтæй,
Мæ хъуыдытæн мæ уды рухс — сæ цырт:
Æз равзæрдтæн мæ дард фыдæлты узæлдæй,
Куыд равзæры фыды узæлдæй фырт!

Æз барын цард ирон æвзаджы уаз зæлтæй,
Чындздзон чызгау мæнмæ уыдис сæ цыд:
Æз уарзын цард ирон ныхасы узæлдæй,
Куыд æй уарзтой мæ мад æмæ мæ фыд!

Æвзаджы фарн нын баззадис нæ фыдæлтæй,
Ирон æвзаг — мæ рагфыдæлты цырт:
Æвзаг дунетыл равзæрдис лæджы зæлтæй,
Куыд равзæрдис Къостайы удæй дзырд!..

Ирон æвзаг, мæ удвæндаг нæ фыдæлтæй,
Ирон дзыллæты иумæйаг мæсыг:
Ды мæ хæссыс дæ хъæбысы дæ узæлдæй,
Куыд мæ хастой мæ мад æмæ мæ фыд!

Æз демæ раджы райгуырдтæн дæ равзæрдæй
Мæ уд дæ зæлтыл рухсагур фæцыд:
Ды мæ уызтай мæ авдæны æрвон зæлтæй,
Дæ фæстæ та мæ мад æмæ мæ фыд!

…Цæры хæстонау Иры æвзаг мах фæрцы,
Хæцыд, хæцы йæ фæдонтыл æнгом:
Æнусты дæргъы не ‘взаг немæ размæ цыд,
Уый кодта мах уæздан æмæ уæндон!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here