«Сымах архайды фæрцы рæзы республикæйы бюджет, гом кæнынц ног кусæн бынæттæ»

0
825

«Сымах зæрдиаг архайды фæрцы фылдæр кæнынц республикæйы бюджеты фæрæзтæ, гом кæнынц ног кусæн бынæттæ, кусæг адæмæн ис сæ бинонтæ фæдарыны фадат», — ахæм хъуыдыйæ райдыдта йæ раныхас РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав республикæйы амалхъомтимæ фембæлды.

Цæгат Ирыстоны амалхъомады къабазы минæвæрттæй бирæтæ æрбацыдысты уыцы æхсызгон æмбырдмæ. Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ахæм фембæлд арæзт цæуы фыццаг хатт: «Республикæйы экономикæмæ аккаг бавæрæн кæй хæссынц, уый фæдыл арфæ кæнæм амалхъомады минæвæрттæн».
«Республикæйы разамындæн ахсджиаг у, цæмæй Цæгат Ирыстоны фæрныгады сæраппонд æнгом æмгуыстад кæнæм бизнесы структурæтимæ», — загъта Битарты Вячеслав. Йæ ныхасмæ гæсгæ, кæд экономикæйы уавæртæ бынтон зæрдæзæгъгæ не сты, уæддæр бизнесы минæвæрттæ иудадзыг дæр æххуыс кæнынц республикæйæн. Ахæм æмархайды дæнцæгтæй иу у филармони. Культурæйы ацы ахсджиаг объекты цалцæг æмæ бындурон рацарæзт къухы бафтыд амалхъомты æххуысы фæрцы. “Сымах нæ фарсмæ æрбалæууыдыстут бирæ æндæр хъуыддæгты дæр. Уый тыххæй уын бузныг зæгъын. Ног аз уын æнтыстджын уæд!» — фæбæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.
Фембæлды архайæг æнтыстджындæр амалхъомтæн республикæйы Сæргълæууæг радта кадджын нæмттæ æмæ хæрзиуджытæ.
Бирæ азты зæрдиаг куысты тыххæй «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыд хъæууонхæдзарадон куыстадон кооператив «Акберди»-йы сæрдар Дзагуырты Ермакæн.
Арæзтады къабазы сгуыхтдзинæдты тыххæй «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сгуыхт аразæджы» кадджын ном лæвæрд æрцыд æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «СТК-59»-ы директор Хæдарцаты Игорæн.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Кады грамотæ саккаг кодтой акционерон æхсæнад «Мæздæджы 3-æм цæугæ механизацигонд колоннæ»-йы генералон директор Бураты Таймуразæн.
Республикæйы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæг æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ райстой æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ариана»-йы директор Джиголаты Артур, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Салют»-ы директор Къомайты Эльбрус, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «СТК-59»-ы директор Хæдарцаты Игорь, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Доржилстрой»-ы директор Плиты Марат, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Строитель»-ы директор Гæджиты Хъазыбег, акционерон æхсæнад «Фарн»-ы директор Абайты Ренат, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Магистраль»-ы директор Гусаты Игорь, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Сигма»йы директор Бирæгъты Владимир, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ирафтрансстрой»-ы директор Уалыты Хъазыбег, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Агрофирма «Фарн»-ы разамонджытæ Мамиты Чермен æмæ Мамиты Ирбег, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Абрикос»-ы директор Алан Рогачев, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Российская слава»-йы директор Абайты Таймураз, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Ситилайн»-ы директор Александр Пациорин, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Спецтепломонтаж»-ы директор Дзебысаты Майрæм, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Подкова»-йы директор Бердиаты Вадим, хъæууонхæдзарадон куыстадон кооператив «Акберди»-йы сæрдар Дзагуырты Ермак, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Твинго-телеком»-ы директор Дзиуаты Игорь, акционерон æхсæнад «Ростелеком»-ы филиалы директор Игорь Гальцев, фирмæ «Мегадом»-ы директор Хъараты Æмзор, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Иристон»-ы разамонджытæ Уататы Зелим æмæ Дамбегаты Ритæ, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Трест ресторанов и кафе»-йы директор Дзгойты Ян, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Завава»-йы директор Кочиты Батрадз, агропромышленнон холдинг «МастерПрайм. Березка»-йы разамонæг Беккуызарты Ларисæ, акционерон æхсæнад «ФАЮР-СОЮЗ»-ы директор Æлбегаты Алыксандр, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Агросоюз-Стандарт»-ы директор Туаты Георги æмæ æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Меркада»-йы директор Зассеты Тенгиз. Фембæлды кæронбæттæны республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ равдыстой концерт.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here