Æрдз хуыздæр хъахъхъæнынæн

0
938

2017 аз УФ-йы Президент Владимир Путины Уынаффæйæ Уæрæсейы нымад у Экологийы æмæ сæрмагонд хъахъхъæнинаг территориты азыл. Уæрæсейы фæдзæхстбынатон системæйыл та ныр æххæст кæны 100 азы. Уымæ гæсгæ æппæт 365 боны нæ бæстæйы æмæ республикæйы дæр стыр æргом здæхт цæудзæн нæ алфамбылай æрдзон хъæздыгдзинæдтæ бахъахъхъæнынмæ æмæ сæ дарддæр рæзын кæныны фарстатæм.

Абоны онг Уæрæсейы æдæппæт арæзт æрцыд 10 мин алы æмвæзæдты æмæ къæпхæнты сæрмагонд хъахъхъæнинаг æрдзон территоритæ. Уыдоныл куыст цыдис 100 азы дæргъы, æмæ ныртæккæ сты: паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынæттæ — 103, национ парктæ — 47 æмæ федералон фæдзæхст бынæттæ — 67. Æппæт федералон сæрмагонд хъахъхъæнинаг æрдзон территориты иумæйаг фæзуат у Уæрæсейы территорийы 3 проценты, сæрмагонд хъахъхъæнинаг æппæт къæпхæнты территори та у йæ 11 проценты. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы федералон нысаниуæджы сæрмагонд хъахъхъæнинаг æрдзон территоритæ махмæ сты: Цæгат Ирыстоны паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынат, комплексон фæдзæхст бынат «Цъæййаг» æмæ Национ парк «Алани». Уымæй уæлдай нæм дзæбæхгæнæн-æнæнизгæнæн бынæттæ æмæ курорттæ ис æхсæз. Федералон сæрмагонд хъахъхъæнинаг æрдзон территориты фæзуат та ахсы РЦИ-Аланийы территорийы 18 проценты. Арæзт куы ‘рцыдысты, уæдæй фæстæмæ сæрмагонд хъахъхъæнинаг территориты æнæхъыгдардæй баззадысты алæмæты æрдзон бынæттæ, уæлдайдæр цæрæгойтæ æмæ зайæгойты генофонд. Æппæт Уæрæсейы дæр 11 январы бæрæггонд æрцыд бæстæйы кадджындæр бæрæгбон Национ паркты æмæ фæдзæхст бынæтты бон. Уымæ гæсгæ Национ парк «Алани» Экологийы аз официалон уагыл байгом кæныны тыххæй æмбырд сарæзта республикæйы Национ наукон библиотекæйы. Ардæм æрцыдысты парчы специалисттæ, студенттæ, æрдзы хæлæрттæ, республикæйы дзыллон-хабархæссæг фæрæзты кусджытæ æмæ æндæр хуынд адæм. Æмбырды архайджытæ базонгæ сты Уæрæсейы национ паркты ист æрдзон бынæтты къамты равдыстимæ, федтой видеоныв хæххон Дыгуры тыххæй, дарддæр та, амонæг, парчы экологион рухсады специалист Оксанæ Черникова ныхасы бар радта Национ парк «Алани»-йы директор Гæтциты Маратæн. Уый æмæ иннæ раныхасгæнджытæ: наукон кусæг Павел Вайнберг, парчы директоры хæдивæг Сабеты Аламбег, Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институты наукон кусæг Тахъазты Фидар, туристон клуб «Айчу-тур»-ы специалист Баскаты Роберт æмбырды архайджытæн радзырдтой, Национ парчы алæмæты æрдз æмæ уый бахъахъхъæныны фæдыл цавæр алывæрсыг куыст цæуы, уыдæтты тыххæй.

ДЗЫНЫХТЫ Аленæ, ТОХСЫРТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here