Æцæг ирон лæджы миниуджытæ арф кæй зæрдæйы æвæрд сты, æнæхин, рæстæй адæмы цæрайæ чи цæры, уыцы куырыхон хистæрты номхыгъды ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, фæллойы ветеран Магкæты Муссæйы фырт Ильяйы (Исрафилы) ном дæр. Илья у хъæууон хæдзарады хъазуатон кусæг. Йæ цард, йæ бон снывонд кодта зæхгуыстæн. Æнæкæрон уарзтæй уарзы зæхх, йæ куысты сæйрагдæр у быдырты бæрзонд тыллæгæрзадыл тох, бирæ кæм фæкуыста æмæ ма ныртæккæ дæр кæм кусы, уыцы Зайæгойтæ хъахъхъæнæн станцæйы. У зындгонд агроном.
1972 азы бахъахъхъæдта хъæууонхæдзарадон наукæ- ты кандидаты ном Ленинграды. 1982 азы йын лæвæрд æрцыд орден «Кады нысан», фæстæдæр хорзæхджынгонд æрцыд Цæгат Ирыстоны АССР-йы Сæйраг Советы Прзидиумы Кады грамотæйæ, майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй.
Илья райгуырд 1924 азы 15 февралы Елхоты. 1941 азы каст фæцис астæуккаг скъола. 1942 азы февралы йæм æрсидтысты Сырх Æфсадмæ. Уыдис уæды Орджоникидзейы 2-æм фистæгæфсæддон училищейы курсант. Уыцы аз майы райдайæны æфсæддонты акодтой Уæллаг Санибайы сæрдыгон лагертæм. Уыцы рæстæг немыцаг фашисттæ бырстой Цæгат Кавказмæ, цæмæй, Дзæуджыхъæу бацахсгæйæ, дарддæр ахизой Бакуйы нефты гуырæнтæм.
Афтæмæй райдыдтой Магкæты Ильяйы хæстон фæндæгтæ.
— 21 майы мах, Дзæуджыхъæуы фистæгæфсæддон училищейы курсантты, арвыстой хæсты быдырмæ æфсæнвæндагыл Ростовы облæсты горæт Сальскмæ. Уыцы рæстæг не ‘фсæддонтæ ныууагътой Киев, Харьков æмæ Полтавæ. Сальскы Доны был цалдæр боны куы фестæм, уæд нæ æрцæрын кодтой станицæ Морозовскаяйы. Уыцы рæстæг фашисттæ байстой Миллерево. Æфсæддонтæ ацы станицæйы вагæттæй куы хызтысты, уæд æй бамбæрстой, фронт кæй æрбаввахс кæны. Хæстон хотыхтæн сæ иу хай равдæлон кодтой станицæ Морозовскаяйы. Дыккаг бон нын радтой хæцæнгæрзтæ, фæлæ алкæмæн не сфаг. Гилдзытæ та алкæмæн дæр лæвæрдтой. Æфсæдддон хайы командир Смирнов нын дзырдта: «Хæсты быдыры ссардзыстут хæцæнгарз, цæф салдæттæй райсдзыстут».
Фæндзæм бон ацыдыстæм атакæйы, фашисттæ цы хъæутæ бацахстой, уыцырдæм: Попов хутор, Митяевский æмæ Калмыково. Немыц æнхъæл нæ уыдысты, мах кæй ныббырсдзыстæм. Фыццаг хæст, фыццаг уæлахиз — суæгъд кодтам уæлдæр ранымад хъæутæ иууылдæр.
Цалдæр немыцаг фрицы уацары дæр райстам. Смирнов куыд бафиппайдта, афтæмæй не ‘фсæддонтæм фæзынд хæцæнгарз, æмæ бирæтæ сæ топпытæ баивтой автоматтæй.
Цалдæр боны фæстæ та немыцæгтæ æрбаппæрстой сæ тыхтæ Сталинграды облæсты горæт Суровикиномæ. Немыц æнхъæлдтой æмæ бацахсдзысты ацы вазыгджын стратегион пункт — Сталинград.
Алы бон дæр дзы цыд тугкалæн хæстытæ. Иу рæстæг нæ немыцæгтæ балхъывтой Доны был горæт Калачмæ. Мах нæхи æрфидар кодтам, цæмæй немыцæгты исты хуызы фæуромæм æмæ, цы мингай цæфтæ уыд, уыдоны Доны сæрты хидыл госпитæлмæ арвитæм. Баххуыс кæнын нын хъуыд техникæйæ. Фæлæ уæлдæфы зылдысты немыцаг мессершмидтæ. Срæмыгътой хид, мингай салдæтты аныхъуырдта цæугæдон. Бæрзонд рахизфарсы Дон уыд сырх-сырхид мингай салдæтты тугæй. Махмæ афтæ каст, цыма сæ судзгæ сау тæригъæдæй йæ цыдæй ныллæууыд цæугæдон.
Бардзырд райстам командæгæнæгæй Доны былгæрон ныууадзын æмæ Калачы цæгатварс станицæ Мариновкæмæ æрæмбырд уæвыны тыххæй. Кæмæн йæ бон куыд уыд, афтæ Доны сæрты иннæ фарсмæ хызт: чи фæйнæджы гæбазыл, чи бæлæгъы, чи камерæйæ, чи та йæхи хъарутæй ленк кодта Доны иннæ фарсмæ… Бирæты, хорз чи ленк кодта, уыдоны дæр немыцаг мессершмидтæ уæлдæфæй цавтой. Мæ курсанттимæ баныхас кодтон, зæгъын, куы æризæр уа, уæлдæфы куы нал зилой знаджы хæдтæхджытæ, уæд исты хуызы Доны иннæ фарсмæ баленк кæндзыстæм. Мæн ныфс уыдис, гыццылæй нæхимæ Елхоты Терчы ленк кæныныл хорз сахуыр дæн, æмæ мæ хъарутæ бамбырд кодтон. Нæ лæппутæ дзырдтой, цæйнæфæлтау, дам, Доны ныххауæм, фæлтау немыцæгтимæ фæстаг нæмыджы онг хæцдзыстæм. Нæ мæ уагътой, фæлæ æхсæвы мæ размæ æвæрд хæс сæххæст кодтон, ме ‘мзæххон курсанттæ дæр мемæ, афтæмæй Доны фаллаг фарсмæ баленк кодтам.
Июлы райдайæны Доны галиуварс уыдысты немыцаг фашисттæ. Ногæй та тугкалæн тохтæ. Уæлдæф иууылдæр бацахстой немыц.
Æнæрынцойæ бомбæтæ калдтой æмæ калдтой. Кур- санттæ цы фæндагыл цыдысты фæстæмæ, уый фæстæдæр схуыдтой “мæлæты быдыр”. Фæлæ уыцы ран фашисттæй фылдæр фæмард, афтæ хъæбатырæй лæууыдысты знаджы ныхмæ нæ фидæны афицертæ. Ме ‘мзæххон Рубайты Смайлы йæ къухæйхæсгæ пулеметæй амардта 100 немыцаг салдат æмæ афицерæй фылдæр, йæхæдæг хъæбатырæй фæмард тохы быдыры.
Августы фыццаг бонты нын æфсады сæйраг командæгæнæг радта æфсæддон цинтæ. Горæт Россошы бынмæ хæстыты фæцæф дæн, æмæ мæ госпитæлмæ арвыстой Тбилисмæ хæстæг горæт Навтлухмæ. Госпитæлы фæстæ бахаудтæн Фæскавказы æфсæддон зылды Тбилисы 31-æм афицерты полкъмæ.
1944 азы сентябры Ныгуылæйнаг Украинæйы горæт Ровнойы уыдтæн 69- æм Звенигороды Сырхтырысаджын дивизийы 208-æм полчъы 1-æм ротæйы гвардион взводы командир. Взводы цы хæстонтæ уыд, уыдон уыдысты, бирæ хæттыты чи хæцыд, ахæм фæлтæрдджын салдæттæ.
Не ‘фсæддонтæ хъуамæ баххуыс кодтаиккой, кæуыл æрхъула кодтой, уыцы горæт Будапешт байсынæн нæ дивизи размæ куы бырста цæгатæрдæм Балатоны цады ‘рдæм Секешвехервармæ, уæд, Дунайы рахизфарс хъæутæ æмæ горæттæ сæрибар кæнгæйæ, стыр дис æмæ цымыдис кодтон ирон нæмттимæ дзы цы хъæутæ æмæ горæттæ уыд, уыдоныл. Зæгъæм, фыццаг хъæу хуындис Бонигъæд, Дунайфарс, Осси, Еунаг. Куыд уынут, афтæмæй — дыгурон диалектыл се ‘ппæт дæр. 1944 азы кæрон 1945 азы райдайæны ногæй фæцæф дæн.
Фæстаг ныббырсты тугуарæн карз хæстытæ бацайдагъ, хъæды парк-музей кæй хуыдтой, уыцы горæт Енингмæ æввахс. Изæрæй райдыдтам бырсын, немыцæгтæ ныхъхъус сты. Мæ бардзырд мын куы айхъуыста сержант Иван Зубрицкий, уæд йе ‘мбæлттимæ бабырстой фыццаг траншеймæ, ууылты — блиндажмæ. 40 — 50 немыцаг салдаты æмæ афицеры сæ къухтæ сдардтой. Траншейы иннæ кæрон дæр уый бæрц уыд немыцæгтæ, сæ къухтыл хæрдмæ схæцыдысты, æмæ нæ салдæттæ хъæр кодтой: «Гитлер капут!» Уый фæстæ не ‘ргом сарæзтам горæт Секешфехервармæ. Тынг бирæ дзы фæмард, уымæн æмæ немыцæгтæ æрбаппæрстой бирæ хæцæнгарз æмæ ног тыхтæ. Горæт нæ къухы нæ бафтыд. Фæлæ уæддæр æртыккаг бон ист æрцыд, ног хъарутæй нын баххуыс кæнгæйæ. Ацы ран стыр бæллæхы хæстон нывтæ федтам… Æмæ ард бахордтам, кæй сын нæ ныббардзыстæм, фыдмитæ кæмæн фæкодтой, уыцы салдæтты тæригъæд. Немыцæгтæ, Веребы хъæумæ фæсчъылдымæй бабырсгæйæ, фехстой полчъы штаб.
16 мартъийы 3-æм Украинаг фронт абырста Австрийы ‘рдæм — Венæмæ. 1945 азы 17 мартъийы Секешвехервармæ бацæуæны æз фæцæф дæн, арвыстой мæ Румыны горæт Тимошуарамæ. Уыцы ран бæрæг кодтон Уæлахизы бон 9 Май, — мысы Илья.
Паддзахад Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыртæн саккаг кодта хæрзиуджытæ. Магкæты Исрафилæн лæвæрд æрцыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1 къæпхæны орден, Сталинграды бынмæ хæстыты тыххæй — Сырх Стъалыйы орден, Венгрийы хæстыты тыххæй — Сырх Стъалыйы дыккаг орден.
Исрафил схъомыл кодта хорз кæстæрæ — Жорик æмæ Фаризæйы. Уыдон ныр сæхæдæг сты бинонджынтæ. Ис сын сывæллæттæ. Сæрыстыр сæ у Илья, ис сæм уæлдæр ахуырад, сты мыггаджы фидыц, сæ хистæрты фарнæй рæстуд æмæ æнæхин, хæрзæгъдау æмæ фæллоймæ здæхт. Фарн æмæ амонд уæд сæ хæдзæртты, сæ цинтæй æфсæст уæд Илья!
Хорзæн кæрон нæй… Хæсты хъæдгæмттæн та рохгæнæн нæй. Фæлæ уыцы æбуалгъ мысинæгтимæ дæр домбай æмæ хъаруджынзæрдæ Магкæйы-фырт 95-аздзыдæй цæры æмæ кусы ныр дæр æнæрынцойæ.
Исрафил уарзы адæмы, уыдон дæр æй уарзынц. Æмæ кæд сæ бинонтимæ цæрæнбынат Елхотæй раджы раивтой Дзæуджыхъæумæ, уæддæр, цины уа, зианы уа, æдзухдæр ис йæ райгуырæн хъæу Елхоты адæмы фарсмæ. Йæ уд йæ дзæцц сты йæ хъæубæстæйы цæрджытæ, йæ сабибонтæ кæм арвыста, фыццаг къахдзæфтæ æртахджын кæрдæгыл кæм акодта, фыццаг сæууон хуры скасты тынвæд цы ранæй суыдта, уыцы елхотаг бæркадджын быдыртæ.
БЫЗЫККАТЫ Земфирæ














