Æхсæнады уавæр æппынæдзух чи иртасы, уыцы «Левада-центр»-ы хатдзæгтæм гæсгæ фæстаг аз зынгæ фæфылдæр, Советон Цæдисы цардарæзт хорзæй чи мысы, уыцы уæрæсейæгты нымæц. Уый уадиссаг нæу, ацал-ауал азы дæргъы, Цæдисы чи райгуырд, чи схъомыл, уыдон æй нæ ферох кодтой. Куыд фæзæгъынц, æппæт уыцы хъуыддæгтæ истори йæхи бакодта… Æрмæст фæстаг рæстæг арæхæй-арæхдæр хъуысынц, Советон Цæдис, йæ уæлдæр æппæт хицауиуæггæнæг оргæнтæ сног кæнын, Советон Социалистон Республикæты Цæдис бартæй схайджын кæныны сидтытæ.
Раздæр сæм адæймаг æргом не здæхта, чидæртæ цавæрдæр æнæбындур нысантыл, фæндиæгтыл дзурынц, фæлæ адæмы ‘хсæн тынгæй-тынгдæр кæй парахат кæнынц, «Указ»-тæ, уынаффæтæ хæссыныл куы балæууыдысты «цæдисонтæ», сæ æмбарынгæнинæгтæ алырдыгæй хъуысын куы райдыдтой, уæд нæ фарстытимæ бацыдыстæм РЦИ-Аланийы Конституцион тæрхондоны сæрдар, зындгонд юрист КЪЕСАТЫ Станиславмæ.
— Станислав, фæстæмæ Советон Цæдис æрфидар кæныныл чи дзуры, уыдоны ахæсты бирæ адæм бахаудысты. Уыимæ сæ нысантæ куыд æмбарын кæнынц, уымæй сын сæ зондахастмæ æмтъерыдзинад хæссынц…
— Бузныг, «Рæстдзинад» ахæм хъуыддæгтæм къæрцхъус кæй у, æмæ сæ рæгъмæ кæй хæссы, уый тыххæй. Сусæггаг нæу, адæмы уæхсчытыл бирæ зындзинæдтæ æртыхст, цард хуымæтæг æмæ æнцон нæу. Сæ авналæнтæ цыбырæйцыбырдæр кæнынц, æмæ тыхсынц уыдæттæй. Иумæйаг уавæр кæд нывыл у, уæддæр нын хъуамæ уый нæ зæрдæтæ ма асайа. Арæх ахæм, æнæ иу «сæнкъуыст» заман кæцæйдæр скæсы, фегуыры æнæнхъæлæджы зындзинад.
Афтæ банымайгæ у, ныртæккæ боны фæткы цы фарста фæзынд, уый. Хъæрæй афтæ чи зæгъы, æз нырыккон Уæрæсейы гражданин нæ дæн, фæлæ мæ фæнды Советон Цæдисы гражданин уæвын — уыцы адæмы нымæц фылдæр кæны. Уыимæ барадон «æвдисæндартæ» нæ агурынц, сæ рæстдзинадæн барадон бындур нæ хæссынц. Æрмæстдæр дæргъвæтин тæрхæтты аныгъуылдысты, ома, дам, Советон Цæдис барадон æгъдауæй нæ фесæфт, æмæ мах стæм Советон Социалистон Республикæты Цæдисы граждæнтæ.
— Аххосæгтæ, йæ уидæгтæ цавæр сты ацы фæзындæн?
— Ис ын барадон æмæ æхсæнадон-политикон аххосæгтæ, уыимæ уый фылдæр баст у æхсæнадон-политикон царды уавæртимæ. Адæм æппынæдзух сты æргъты, фиддонты рæзты ахæсты, товартæ, хойраг бирæ ис, æхца та нæ фаг кæны. Кæд æмæ официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æгуыстдзинад фæкъаддæр, уæд æцæгдзинад æндæрхуызон у. Аууоны экономикæйы чи кусы, уыдон уым куыдæй балæууыдысты?! Адæймаг хъуыды кæны, мæнæ мæ кармæ гæсгæ пенсимæ ацæудзынæн, мæ зæронды бонты æнæмæт уыдзынæн. Афтæмæй фыдæнхъæл фесты, пенсимæ ацæуыны æмгъуыдтæ аивтой, цы æфсæнттæ æрхастой, уыдон зын бауырнæн рауадысты.
— Станислав, æппæт уыцы хъуыддæгтæ ахæм змæлд расайдтой. Быцæу дæр нæу, у адæмы ардауын, рæдыд нысантыл сæ бæттын.
— Ардауын, æндæр æй цы ис схонæн? Ахæм ныхас куы бацайдагъ кæнай, фæстæмæ нæ Советон Цæдис хъæуы, цыдæриддæр дзы уыдис, уыдæттимæ, уæд хъуамæ ацы змæлды фæстиуджытыл ахъуыды кæнай. Куыд юрист, æмæ документтæ лæмбынæг кæсын чи зоны, ахæм адæймаг, мæ бон зæгъын у: искæй зæрдæмæ цæуы æви нæ, фæлæ барадон æгъдауæй Советон Социалистон Республикæты Цæдис куыд паддзахад нал ис 1991 азæй фæстæмæ. Тæрхæттæ кæнæн ис, цымæ Советон Цæдисы разамынд закъонтæм гæсгæ цас барст æмæ растæй ратта хицаудзинад ног Уæрæсейы разамындмæ. Æрмæст зындгонд у, йæ раздæры, Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы, номимæ 1990 азы 12 июны йæхи хæдбар кæй схуыдта, уый. Цæдисы чи уыд, уыцы республикæтæн дæр сæ фылдæр уыцы фæндагыл ацыдысты.
Беловежскы къохы 1991 азы кæрон Цæдисы æппæты стырдæр республикæты разамонджытæ сбæлвырд кодтой: дунейы картæйæ Советон Цæдис, куыд паддзахад фесæфт. Декларациимæ сразы сты иннæ республикæтæ æмæ уымæй историон тæрхон бафыстой фæллойгæнæг дзыллæты æвæджиауы бæллицæн. Советон Цæдисы республикæтæ рæстаг ахаст æмæ фидæныл æууæнчы æвдисæндартæ кæй уыдысты, уый гуырысхойаг нæу. Уыцы заман чи цард, ног Уæрæсейы чи райгуырд, уыдон æмхуызонæй афтæ хъуыды кæнынц.
Кæд нæ бæстæ — нырыккон Уæрæсе, йæхи социалон паддзахад хоны, уæд уый æвдисын хъæуы хъуыддæгтæй. Хъуамæ нæ рох ма уа, ныхæстæ «социалон» æмæ «социалистон»-æн сæ уидаг у иу — адæймагыл мæт кæнын, аудын. Историйы хай цы паддзахад фæцис, уый сног кæныныл нæ нæ хъæуы хъуыды кæнын, фæлæ нæ цард аккаг, рæстаг æмæ фæрныг скæныныл. Æппæт уайдзæфтæ æмæ мæстджын ахаст æрмæст хицауиуæггæнджытæм сараз, уый раст нæу, хъуамæ нæхимæ дæр æркæсæм.
Арæхдæр ныхас кæнæм æгуыстдзинады тыххæй, фæлæ нæ фæсивæд сæ ныййарджыты ныхасæй, сæ ных æмхуызонæй юридикон æмæ экономикон дæсныйад райсынмæ куы саразынц, уæд сын хъуамæ куысты бынæттæ куыдæй фæзыной? Кæм фехъуыстой, республикæйы уый бæрц юристтæ æмæ экономисттæ хъæуы, уый? Æрхъуыды-ма кæнæм, Советон Цæдис нал уыдис, Цæгат Ирыстоны æфсæддон промышленност æрлæууыд. Нæ зæххытæ та 10 — 15 азы дæргъы æнæкуыстæй лæууыдысты. Кæддæр-никæд уыцы афтид заводты уадзын райдыдтой карз нозт, адæмæн куыст фæзынд. Уыцы хъуыддаг фосдарынадимæ ничи бабаста, афтæмæй та æнтыдæн ныккæнæн нæ уыд. Уæд фæлæбурдтой зæххæй пайда кæнынмæ, фæлæ сæ уæдмæ сæрæндæртæ бацахстой, ныр сæ афтæ æнцонæй нал суæгъд кæндзысты.
— Телеуынынадæй Сирийæ хабæрттæ куы февдисынц, уæд мæм диссаг фæкæсы, мæнæ ныртæккæ ацы хъæу-горæт суæгъд кодтой, расыгъдæг æй кодтой минæтæй, рæмудзæн æрмæджытæй. Уайтагъд февналынц, сæ пырхгонд, дæрæнгонд заводты доны хæтæлтæ уадзынмæ, скусынц сæ донхорыггæнæн фæрæзтæ, адджинагуадзæг цехтæ æмæ æндæр куыстадтæ. Уыцы хурсыгъд зæххытæй пъамидоры æвæджиауы тыллæг суанг фæсарæнтæм уæй кæнынц. Фæстаг æртын азы дæргъы нæ бæстæйы ис сабыр цард, хæстæй нæ Хуыцау бахизæд. Уæддæр цы кусæг, цы аразæг стæм, уыимæ алцыдæр нæхиуыл, Ирыстоныл баргæйæ?
— Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны рæзты ахъаззагдæр къабазæн рахастой туризм. Ноджы йæ ахæм хуызы æмбарын кæнынц, æмæ нæ адæммæ цы уазæгуарзон æууæлтæ ис æмæ туризм кæрæдзиимæ баст сты, суанг сын иу бындур ис, зæгъгæ. Уый афтæ нæу. Мæ хæдзары уазæг цасдæр рæстæг куы фæуа, уæд уый уазæг нал у, туризм та у экономикон æмбарынад, индустри. Ома, Ирыстонмæ дæм чи ссæуа исты фенынмæ, базонынмæ, рæстæг зæрдæйыфæндиаг арвитынмæ, уыцы туристтæн дæм хъуамæ аккаг уавæртæ дæр уа, лæггæдтæй, æппæт фадæттæй дæр сæ схайджын кæнай…
Хъуамæ сын ахæм уавæртæ уа, æмæ сæ ногæй бафæнда ацы диссаджы бынат бабæрæг кæнын. Фæлæ сæ зæрдыл куы æрлæууа, хъарм нæ, фæлæ-иу дзы уазал дон дæр фаг нæ уыд, санитарон-гигиенон бынат дæр кæмдæр фæскъул, фæндæгтæ — къуыппытæдзыхъхъытимæ… Æмæ уыдæттæ дæсгай азты дæргъы, хъуамæ нæм куыд æр- баивылой туристтæ? Цы чындæуа? Рæздæр нæм цы 49 туристон маршруты уыдис, уыдон сног кæныны бæллицты аныгъуылæм, æви нæ авналæнтæм, гæнæнтæм гæсгæ ног туристон рахæцæнтæ, бынæттæ саразæм?! Цæмæй адæмæн дæр уой ахсджиаг æмæ экономикæйыл дæр фæзыной. Фæсарæнтæм абалц кæнæм лæггæдты бæрзонд æмвæзад нымайгæйæ. Ам дæр хъуамæ афтæ уа.
Бæрæг у, «Электроцинк» йæ къахыл нал слæудзæн, фæлæ Алагиры районы хæххоæрзæткъахæн къабаз дæр нал уыдзæн. Мызуры поселок йæхимидæг «баргъæвсдзæн», уыцы фæндаджы фæрсты хъæугæ инфраструктурæ куы нæ сырæза, фæндаг та къуырмаууынгмæ куы хона, уæд.
— Бæргæ, бирæ æрдзон хæзнаты æмæ авналæнты хицау у Ирыстон, фæлæ сæ хæдзардзинæй пайда кæнынмæ нæма бавнæлдтам. Адæм нæ сарæхстысты базарадон уавæртæм æмæ цъысымæй фæндаг агурынц, æмæ сæ чидæртæ зыгъуыммæ мадзæлттыл фæцалх кодтой.
— Иу хатт ма йæ зæгъын, нæ царды алы хъуыддаджы тыххæй дæр хъæуы тох кæнын. Паддзахад дæ хъуамæ магуса ма араза, фæлæ дын уа æххуысгæнæг куыст ссарынмæ. Куысты бынæттæ фаг нæй. Хорз. Фæлæ цымæ Æрыдон доны фæрсты æнæзакъон къахæнтæ, хуырыссæнтæ ничи уыны?! Сæ хицæуттæ миллиардтæ сæ рæбынты сæвæрдтой… Црауы дыргъдæттæ цæмæн фесæфтысты, бæлæстæ акалдтой æмæ уым дæр нартхор байтыдтой. Фæстæмæ сабыргай балæууыдысты дыргъы куыст кæныныл. Ахæм дæнцæгтæ уыйас æрхæссæн ис, æмæ сын кæрон дæр нæй.
Уæрæсейæгтæ тынг хорз никуы цардысты. Зæгъæм, æртын азы дæргъы йæ фæрныгадæй æхсызгонæй чи ахуыста, уыдон нырыккон тыхст уавæртæй пайда кæнгæйæ дзыллæтæм гуырын кæнынц, социалон æгъдауæй быцæу зондахаст. Сидынц, цæмæй сæхи коммуналон фиддонтæй сæрибарыл нымайой, уыдон æнæзакъон сты, зæгъгæ. Тыхстдзинæдтæ митингты æмæ уынгты хъæрныхасы фæрцы алыг кæнæн нæй, æгуыстдзинадыл дæр уым нæ фæтых уыдзыстæм. О, газы, иннæ фæрæзты тыххæй фиддонты бæрц адæмы зæрдæмæ нæ цæуынц. Фарста ис сæвæрæн æмæ йæ закъоны фæрцы æвзарæн — уый у æппæты растдæр æмæ аккагдæр мадзал. Советон Цæдис сног кæныныл чи архайы, ног хуызы паспортты хицæуттæ чи систы, хардзгонд фæрæзтæн нæ фидын æмæ æндæр ахæм сидтытæ чи тауын кæ- ны адæмы ‘хсæн — уыдон равзæрстой æнæзакъон архайд. Ивгъуыдæй фидæн саразæн нæй. Иугонд Нациты Организацийы æмæ Æдасдзинады Советы уставты нал ис паддзахад Советон Цæдис, дунеон æмæхсæнадæн мах стæм Уæрæсейы Федераци. Паддзахады бон та у закъоны фæрцы æмбæлгæ мадзæлттæй спайда кæнын, ахæм архайджытæ, фиддонтæй йæхи чи иуварс кæны, æндæр хæстæ чи нæ æххæст кæны, уыдоны ныхмæ. Мæнмæ гæсгæ, царды æппæт зындзинæдтæ аиуварс кæнынæн мах хъуамæ фæндæттæ æмæ уынаффæтæ цавæрдæр æнæбындур хъуыдыты ма агурæм, фæлæ нырыккон рæстæг цы фадæттæ дæтты, амоны, уыдоны руаджы. — Бузныг, Станислав.
Ныхас ныффыста БУТАТЫ Эльзæ














