Æгъдау — царды бындур

0
57

Æрдзы цæстуарзон лæвæрттæй, æвæдза, бинонты амонд зындæр ссарæн у. Алы паддзахад дæр ныфсджын æмæ фидар у фæрнджын бинонтæй. Сæ иудзинад, кæрæдзи æмбарынад, сæ æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæ æфтауынц базыртæ, сæ алыварс чи ис, уыдоныл дæр æмæ сæ хонынц сæ фæдыл рæсугъд фæндæгтæм.
Ахæм фæзминаг бинонтæй хъысмæт фæхайджын кодта Созайты Кермены фырт Юри (Алик) æмæ Цопанты Нинæ Никъалайы чызджы. Æвæццæгæн, нæ хъæздыг мадæлон æвзаджы дæр зын ссарæн сты куырыхон разамонæг, нæ зонды суадон, республикæйы сгуыхт ахуыргæнæг Юри (Алик) Кермены фырты аккаг ныхæстæ. Аив — йæ бакаст, уæздан — йе сныхас, хæрзæгъдау, фæллойуарзаг… Созайты мыггаджы фидауц у, дæнцæгæн хæссинаг æгас Урсдоны хъæубæстæ, сыхæгтæ, хиуæттæн — ахæмæй уайы цæстытыл йæ рухс сурæт дзæнæты бадинаг Юрийæн.
Æмæ цы загъдæуа, «йæ карзæй лидзæн кæмæн нæй», уыцы æгъатыр хъысмæтæн! Фæлæ æрдзы фæтк, хъыгагæн, афтæ конд у, æмæ адзалæн мадзал нæй. Æндæр ма уыцы бон дæр, йæ рагуалдзæгæй йæ фæззыгон наймæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгты хъæздыг ахорæнтæй рæзгæ фæлтæры кæм ифтонг кодта, бирæ азты разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы уарзон скъолайы хъæлдзæг, цардбæллонхуыз уæвгæйæ, цæмæн ахицæн, бецау, йæ цардæй.
Куырыхон разамонæг йæ рухс дунейæ æваст кæй ахицæн стъалыйау, уый æдзæмæй ныккæсын кодта зæхмæ Урсдонæй, йæ уарзон скъолайы ахуыргæнджыты коллективы. Фæлæ хорзы ном нæ сæфы, фæзæгъынц. Нæ рох кæны Созайы-фырты кадджын ном йæ уарзон Урсдоны хъæубæстæй, Æрфæны фæдау сын арф фæд ныууагъта сæ зæрдæты. Фæндзай азæй фылдæр аккаг разамынд кæмæн лæвæрдта, æнæ сывæллæттæ йæ цард йæхицæн адджын чи нæ кодта, уыцы разагъды разамонæгæй куыннæ уыдаид сæрыстыр ахуыргæнджыты къорд! Скъолайы ахуырады хайады æвддæс азы дæргъы сæргълæууæг уæвгæйæ, æртын азæй фылдæр директор уæвгæйæ, ахуыргæнджыты дадзинты уагъта уарзондзинад рæзгæ фæлтæрмæ. Сæрбæрзонд дзы уыдысты йæ бинонтæ, ахуыргæнджытæ, уарзон уыди сыхбæстæн, Урсдоны хъæубæстæн, Созайты фæрнджын мыггагæн. Уымæн хæссы абон йæ ном кадджынæй йæ уарзон Урсдоны скъола.
Æмæ цæмæ нæ арæхсти аивады алы хуызтæм дæр: кафынмæ, зарынмæ, музыкалон инструменттыл цæгъдынмæ, балалайкæйæ цæгъдгæйæ-иу æй цыма дзурын скодта, афтæ-иу зынди. Ам, скъолайы, кафджытæн, зарæггæнджытæн, музыкалон инструменттæй цæгъдджытæн æдзухдæр уыди аккаг разамонæг. Арæхстджынæй дзы архайдта скъолайы раззаг, фæзминаг ахуырдзау, æвзонг, хæрзконд, йæ фæстæдæры суинаг цардæмбал Нинæ дæр. Чи зоны, сусæг уарзондзинады ирд æнкъарæнтæй уæд байдзаг æрыгон ахуыргæнæджы зæрдæ.
Скъола сыгъзæрин майданыл каст фæуыны фæстæ, æнтыстджынæй фæлварæнтæ ратгæйæ, бæрзæндтæм тырнæг Нинæ ахуыр кæнынмæ бацыди Цæгат Ирыстоны педагогон институты физикæйы факультетмæ.
— Арæх-иу мæ абæрæг кодта мæ иузæрдион ахуыргæнæг ахуыры азты, æмæ-иу æй, æмдзæрæны рудзынгæй кæсгæйæ, куы федтам ме ‘мбал чызджытимæ, уæд-иу æм уыдон дисгæнгæ кастысты. «Цы диссаджы рæсугъд лæппу у», — дзырдтой-иу кæрæдзимæ мидбылхудгæйæ», — мысы Нинæ.
Цæмæй зыдтой, йæ цыды сæр цы вæййы, уый. Цыппæрæмкурсон уæвгæйæ йæ иуахæмы зæрдиагæй ахуыдта ирон театрмæ. Æвæццæгæн, уæд раргом сæ уарзондзинад дыууæ уарзæгой удæн.
Фæстæдæр, æнтыстджынæй уæлдæр ахуырад райсгæйæ, баиу кодтой сæ цард. Фæзминаг, лæггадгæнаг, дæнцæгæн хæссинаг уыди Нинæ, сæрыстыр дзы чи уыди, уыцы Созайты кадджын мыггагæн. Уæд æрлæууыди йæ равзæрст фæндагыл дæр. Зæрин хуры хæрдгæ тынтæ-иу Урсдоны уæрæх уынгтæ куы ныррухс кодтой, уæд-иу сыл æвæллайгæйæ тындзыдта, йæ сабибонты арф зонындзинæдтæ кæм иста, афтæ зынаргъ ын чи у йæхи хæдзарау, фæндзай азы кæмæн ратта, уыцы уарзон скъоламæ ныры пенсиисæг.
Йæ удварны рæсугъд миниуджытæ йын йæ дадзинты йæ ахуыргæнæг æмæ йæ ныййарджытæ бауагътой йæ сабидуджы. Æнусы ‘мбисæй фылдæр снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн, авдаздзыдæй фæстæмæ чи хъомыл кодта, уыцы куырыхон схæссæг фыд Цопанты Никъала (Микъолоз). Уыди цалдæр скъолайы, уыимæ Урсдоны скъолайы разамонæг, разагъды директор, Дыгуры районы ахуырады къабазы фыццаг Ленины орденхæссæг.
— Мæ цард йæ цардвæндагыл, йæ куыстыл барстон æдзухдæр, сыгъдæгзæрдæ, фæлæ йæхицæй дæр æмæ йе ‘мкусджытæй дæр домаг, ахæмæй лæууы мæ зæрдыл мæ дзæнæтыбадинаг фыд, — мысы Нинæ.
Уæздандзинад, адæммæ уарзондзинадыл æй ахуыр кодта йæ ныййарæг мад, Урсдоны скъолайы биологийы ахуыргæнæг Кæлухон Тамарæ дæр.
Йæ мидисджын уроктæ, скъоладзаутæм цымыдисдзинад æвзæрын кæнын дæнцæгæн хæс-
синаг уыдысты æдзухдæр Нинæйæн. Уымæн-иу афтæ зæрдиагæй тырныдтой йæ алы урокмæ дæр ахуырдзаутæ. Йæ фæлтæрддзинад не ‘вгъау кодта æрыгон ахуыргæнджытæн дæр. Зæрдиагæй архайдта æдзухдæр алыхуызон конкурсты. Уæдæ йæ физикæйы къуыритæ та! «Поле чудес» æмæ иннæ алыхуызон мадзæлттæ æгæрон æхсызгондзинад хастой скъоладзаутæн. Æвдæм, фарæстæмкъласонтæ, суанг ахуыргæнджытæ дæр-иу архайдтой ацы цымыдисаг мадзæлтты. Сценаритæ дæр-иу сын йæхæдæг фыста Нинæ Никъалайы чызг, амонджытæ — ахуырдзаутæ. Гъе уымæн йæ хъæздыг удварн, йæ фидар зондахасты руаджы сси курдиатджын разамонæг, æвæджиауы зондамонæг, РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг. Йе ‘нувыд фæллой, æгъуыссæг æхсæвты фæстиуæг — йæ бирæ хæрзиуджытæ. Иу æмæ дыууæ нæ уыдысты, раззаг бынæттæ кæм бацахста, уыцы конкурстæ республикæйы æмвæзадыл. Уæлдай зæрдылдаринаг та йын «Уæрæсейы хуыздæр ахуыргæнæг»-ы конкурсы фæуæлахизы бон. Фæлæ æппæт хæрзиуджытæй зынаргъдæрыл нымайы, æнусы ‘мбисæй фылдæр ахуыры бæрзæндтæм кæй фæндараст кодта, уыцы æвзонг чызджытæ æмæ лæппуты — ныры ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, инженертæ, аивады алы хуызты архайджытæй цы арфæйы фыстæджытæ райсы, уыдон.
О, сæхиау адæмуарзон, фæллойуарзаг рауадысты, йæ уарзон, дзæнæтыбадинаг цардæмбал Аликимæ цы фæдонтæ рауагътой дунейы рухсмæ, уыдон. Сæ ныййарджыты дæсныйадыл царды бæрзæндтæм тырнынц сæ уарзон чызджытæ Элинæ æмæ Зæлинæ. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ уæвгæйæ, рæзгæ фæлтæрæн æнæвгъауæй дæттынц сæ зонындзинæдтæ, мадæлон æвзагмæ сæм уарзондзинад гуырын кæнынц.
Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы, фæзæгъынц. Сæрыстырдзинадæй байдзаг вæййы зæрдæ, йæ фыды фарнæй чи фæхайджын, арф зонындзинæдтæй рæзгæ фæлтæры бирæ азты дæргъы чи ифтонг кæны, уыцы разагъды Элинæ, Хъарманы скъолайы æнтыстджын директор. «Цыппар ахуыргæнæджы — иу хæдзары, уыдон сæхæдæг æнæхъæн педсовет куы сты, уый зонгæйæ уæ æз дæр бафæзмыдтаин», — хъазгæмхасæнты сын фæзæгъы сæ инженер лæппу Аслан.
Æмæ сæ алчидæр ныр, бинонты хицау уæвгæйæ, хъомыл кæны аккаг фæдонтæ. Тынг зæрдæрухс у Элинæ, йæ уарзон цардæмбал Гæмаонты Аланимæ цы чызджытæ хъомыл кæнынц, уыцы уæздан, арæхстджын дæндæгты дохтыр Мæдинæт, финансон академи фæуæг, банчы æнтыстджын кусæг Дзерассæ æмæ Кебекты уæздан чындз Зæлинæйæ. Фæзминагæй æвдисынц сæхи Аслан æмæ Дзерассæйы ахуыруарзаг уæздан кæстæртæ дæр.
Чындзытæй хорз рæвдауы, æвæдза, хъысмæт Созайты фæрнджын мыггаг.
Гъе, ахæм дæнцæгæн хæссинаг фæдонтæ рауагътой царды рухсмæ Юри (Алик) æмæ йæ цардæмбал Нинæ. Ахæм фæрнджын бинонтæй фидауы нæ цард дæр, æмæ, бинонты азы хорзæхæй хайджын уæвгæйæ дзы æнусы бонмæ фаг рæвдыд уæнт!

БАГАТЫ Сафирæт,
педагогон куысты ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here