Амонды бындур — зæрдиаг узæлд æмæ уарзондзинад

0
45

Хъысмæт кæдæм нæ ахæссы адæймаджы! Тарс-кæйы хъæуы цæрæг БАГАТЫ Федяйæн йæ фæсон-æрхæджы дæр нæ уыд, æмæ нæ бæстæйы зындгонддæр цирчы архайдзæн, цалдæр фæсарæйнаг бæстæйы йæ арæхстдзинад æвдисдзæн. Ныр дæс азы дæргъы Дзæуджыхъæуы хæдзæртты дæсæм управленийы кусы электрикæй, йæ архайдæй разы у куыстуаты разамынд, фæлæ, æвæццæгæн, коллективы уæнгтæй Федяйы царды хабæрттæ бирæтæ нæ зонынц. Ахæм у нæ дуг, хатгай нæ хæстæг сыхæгты дæр нæ фæзонæм…
Федя дунейы рухсмæ фæзынд Багаты Михал æмæ Александрæйы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Михал 1971 азы йе ‘цæг дунемæ ацыд, æмæ нæ уацхъуыды хъайтар дыууæмæйдзыдæй сидзæрæй аззад. Гаджион Александрæ цыппар чызджы æмæ дыууæ лæппуйы иунæгæй фæхъомыл кодта, сидзæрхуыз сæ нæ бауагъта, фæлæ йæ цоты хорздзинæдтæй, зæгъын æмбæлы, бирæ нæ федта — 1997 азы уый дæр Михалмæ фæтагъд кодта.
Федя æфсады рæнхъыты йæ граждайнаг хæс кадимæ куы сæххæст кодта, уæд службæ кæнынмæ бацыд ОМОН-мæ. Уыцы заман, куыд фæзæгъынц, саджы фисынтыл амад лæппуйы сæр бахъуыд йæ хорз хæлар, йе ‘мкъласон Джусойты Геннадийы. Уый куыста Стыр Мæскуыйаг паддзахадон цирчы Вернадскийы проспекты, уæд ын разамынд лæвæрдта Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Леонид Костюк. 2003-æм азы Геннади сфæнд кодта йæхи номыр саразын — уæлдæфон гимнасттимæ. Номыр æнтыстджынæй æвæрд æрцыд, Федя дзы ассистентæй хорз сарæхст. Акробаттæ алыхуызон къуыбылеццытæ кодтой уæлдæфы, æмæ сæ ахсын хъуыди, æрхауын сæ ма бауадзын…
Не ‘мзæххон ма æртæ азы бакуыста Уæрæсейы сгуыхт артист Василий Пешковимæ дæр. Василий диссаджы номыр æрхъуыды кодта æмæ сæвæрдта, хуынди «Уæлдæфон эквилибристтæ» æмæ йæ равдыста бирæ бæстæты — Австрийы, Австралийы, Италийы, Англисы, Швейцарийы, Китайы, Голландийы, Централон Америкæйы, Германы… Артисттыл алкæм дæр æмбæлдысты æхсызгонæй. Тынг зын, тæссаг, фæлæ цымыдисаг номыр уыдис. Æртæ адæймаджы цыдысты бæндæнтыл номыры æмæ цалдæр диссаджы, æмбал кæмæн нæ уыдис æмæ нæй, ахæм трюктæ кодтой (фенын æй æмбæлы Интернеты хызы).
Уыцы рæстæджытæ æхсызгонæй æрымысы Федя. Цы бæстæты уыдтæ, уым дæ зæрдыл тынгдæр цы бадардтай, зæгъгæ, йæ куы бафарс-там, уæд нын радзырдта:
— Къорд паддзахады уыдтæн, алкæм дæр -историон бынæттæ, иннæтæй хъауджыдæр æгъдæуттæ, хъæздыг культурæ, фæлæ мæ зæрдыл тынгдæр бадардтон мæ дыууæ балцы Японмæ. Бауырнæд уæ, уый диссаджы бæстæ у. Тызмæг ахастдзинадæн дзы æппындæр бынат нæй. Сæ адæм сты зæрдæхæлар, æххуысмæ тагъдгæнаг, сабыр. Æхсæвы цафонфæнды дæр уынгмæ рацу — æдас у алы ран дæр — фыдракæндæй хызт дæ, ничи дæ бахъыгдардзæн. Арæх-иу нæ ракуырдтой, уемæ, дам, нæ къам сисын æмбæлы, зæгъгæ. Иу миниуæг ма дзы банкъардтон, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, хъыгагæн, махмæ хъуыддаг бынтон æндæрхуызон у. Хицау, разамонæг загъта, бахæс кодта, уæд дзы дзæгъæл радзур-бадзур нæ фехъусдзынæ — æнæ сым, æнæкъуыхцыйæ йæ сæххæст кæндзæн, куыд æмбæлы, афтæ.
Цирчы артисты профессионалон цард цыбыр у — 40-45 азы. Ирыстонмæ куы ссыд Багайы-фырт, уæд контракты бындурыл службæ кæнынмæ бацыд 58-æм Æфсады æфсæддон хæйттæй иумæ. Ралæууыд, историйы «2008.08.08» фыст цы бон æрцыд, уый — Гуырдзыйы националисттæ æрбассæстой Хуссар Ирыстонмæ, æмæ Федя йе ‘мбæлттимæ архайдта «фондзбонон хæсты». Цы лæгдзинад равдыста, уый тыххæй йын хæрзиуæг саккаг кодтой.
Фæстаг дæс азы, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Федя электрикæй кусы Дзæуджыхъæуы хæдзæртты дæсæм управленийы, йæ куыстадон хæстæм тынг бæрнон цæстæй кæсы, йæ архайдмæ фау æрхæссæн нæй. Уæдæ йе ‘мхъæуккæгтæ, зонгæтæй йе ‘ххуысы сæр кæй бахъæуы, уымæ æвæс-тиатæй йæ «чумæданимæ» фæзыны, электрон тыхæй бирæтæ тæрсгæ кæнынц, фæлæ Федяимæ кæрæдзийы хорз æмбарынц.
Багаты Федя йæхи амондджын хоны — йæ цардæмбал дигорайаг Хъараты чызг Юляимæ хорз бинонтæ сарæзтой — ис сын хъæрмуд, уарзæгой ахастдзинæдтæ, хъомыл кæнынц æртæ хъæбулы. Хистæр чызг Илонæ йæ ныййарджыты «ахстонæй» атахт — ахуыр кæны Мæскуыйы Паддзахадон хæлцы технологон университеты. Кæстæртæ, Аленæ æмæ Ацæмæз та ма скъоладзаутæ сты. Юля кусы республикон клиникон рынчындоны уыргтæ дзæбæхгæнæн хайады медицинон хойæ.
Багаты бинонтæ кæрæдзийы æмбарынц æмæ аргъ кæнынц, кæстæртæ хæдзары куыстытæй сæхимæ хай исынц. Амондджын сæхи хонынц. Уыцы амонд та сæхæдæг аразынц, йæ бындур у сæ æрвылбоны архайд, зæрдиаг узæлд æмæ уарзондзинад.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here