Уæрæсейы Фыццаг къорды футболон чемпионаты 12-13 апрелы командæтæ акодтой 28-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы командæ ФК «Алани» уазæгуаты фембæлд «Уфа»-имæ. Дыууæ ныхмæлæууæгмæ ацы фембæлды размæ уыди фæйнæ 23-гай очкотæ æмæ турнирон таблицæйы цыдысты 15-16-æм бынæтты. Уый та дзурæг у, фыццаг къордæй рахауынмæ сын тæссаг кæй у, ууыл. Ахæм уавæры кæрæдзиимæ фембæлды фæуæлахиз уæвын у уæлдай бæллиццагдæр нысан æмæ дыууæ командæйы дæр, æнæмæнг, тырныдтой æрмæстдæр фæуæлахиз уæвынмæ.
Хъыгагæн, «Алани»-йы футболисттæй цалдæр хъазынхъом нæ уыдысты се ’нæниздзинады аххосæй, фæлæ уæддæр, фæзмæ чи рацыд, уыдон иууылдæр се ’ппæт хъарутæй архайдтой æмбæлгæ хъазт равдисыныл.
Хъазт райдыдта фысымты ныббырстытæй. Алайнæгтæн фыццаг ссæдз минуты бантыст, сæ бацæуæнты æдасдзинадыл архайгæйæ, фыдбылыз ма ’руадзын, фæлæ 21-æм минутыл нал фæцарæхс-тысты уфайæгты ныббырст бауромынмæ, æмæ сæ хъазæг Андрей Теняевы æнæрæдигæ цæфы фæстæ пурти уазджыты дуары батахт. «Уфа» размæ рацыд 1:0-æй.
Хъазты 33-æм минутыл та алайнæгтæ æруагътой дыккаг рæдыд, æмæ фысымты размæбырсæг Владимир Ложкин «Алани»-йы дуары бакъуырдта дыккаг гол. Фыццаг тайм ахицæн 2:0 хыгъдæй «Уфа»-йы пайдайæн. Хъазты дыккаг æмбисы алайнæгтæ сæ архайд зынгæ фæхуыздæр кодтой. Сарæзтой къорд ныббырсты, цалдæр хатты хæстæг уыдысты хыгъд аивынмæ, уæлдайдæр та 70-æм минутыл. Уыцы минуты, нæ футболистты ныббырстæй, сæ дуар хъахъхъæнгæйæ, фысымты хъазæджы къухыл пурти ауади, æмæ сæ тæрхонгæнæг фæивар кодта 11- метрон цæфæй.
Алайнæгтæн хыгъд аивынæн фæци хорз фадат, фæлæ нæ командæйы капитан Хуыгаты Аланы цæфмæ иттæг хорз фæцарæхст «Уфа»-йы дуаргæс Олег Баклов, æмæ хыгъд æнæивдæй 2:0-æй баззад 90+2-æм минутмæ. Уыцы уæлæмхасæн хъазты
рæстæджы та нæ командæ цы ныббырст ацарæзта, уым Хуыгаты Алан бæргæ рæсугъд гол бакъуырдта, фæлæ хыгъд 2:2 скæнынæн рæстæг нал баззад.
«Алани» фæхæрд 1:2 хыгъдæй, æмæ йæ уавæр ноджы фæуæззаудæр. Чемпионаты кæронмæ ма цы ‘хсæз хъазты баззад, уыдоны, æнæмæнг, цæу-дзæн хъазуатон тохтæ Фыццаг къорды чемпионаты баззайыныл. «Алани»-йы иузæрдион фарсхæцджыты нæ уырны, сæ уарзон командæ дæлдæр къордмæ кæй рахаудзæн, уый, æмæ нæ лæппутæй курынц се ’ппæт гæнæнтæй спайда кæнын æмæ худинаджы бынатмæ ма бахауын.
«Алани» йæ иннæ радон фембæлд акæндзæн уазæгуаты «Сочи»-имæ 19 апрелы.
Баскаты Уырызмæг