Нарты кадджыты Батрадзы зæдтæ æмæ дауджытæ, Хуыцауы зондæй, Хуры æххуысæй Хæзмы быдыры куы амардтой, уæд сын уæларв Софиайы зæппадзмæ бахæссын мардæй дæр нæ куымдта: сæр размæ-иу æй куы фæцæйхастой, уæд-иу йæ рæмбынкъæдзтæ ныббыцæу кодта зæппадзы дуармæ, йæ къæхтæ размæйæ та — йæ къæхтæ. Зæдтæ æмæ дауджытæ хъуыддаг Хуыцауæн куы радзырдтой, уæд сын уый загъта:
– Уый мæнæй лæвар агуры.
Æмæ йыл æртæ цæссыджы æрæппæрста Хуыцау. Уыйадыл зæдтæ æмæ дауджытæн Батрадз Софиайы зæппадзмæ бахæссын бакуымдта, æмæ йæ уым бавæрдтой. Хуыцауы æртæ цæссыджы та кæм æрхаудтой, уым фестади æртæ кувæндоны: Таранджелос, Мыкалгабыртæ æмæ Реком. Таранджелос ис Тырсыгомы, Мыкалгабыртæ — Уæлладжыры, Реком та — Цъæйы.
Сафайы рæхыс – Къонайы рæхыс
Ирон адæмы фыдæлтæ кæддæр артмæ куывтой, æмæ цыдæриддæр артимæ баст ис, уый сын табуйаг уыд. Уæлдай тынгдæр та Къонайы рæхыс — Сафайы конд рæхыс. Хохаг алы хæдзары дæр уыд артдзæст, йæ сæрмæ та — уæларты рæхыс. Зындгонд куырдты арæзт рæхыстæ. Фæлæ дзы уыдис ахæмтæ дæр, адæм уæларвæй Сафайæ рауадзгæ рæхыстæ кæй хуыдтой. Ахæм рæхыстæ-иу цы бинонтæм, хæдзарвæндагмæ, хъæубæстæм уыдис, уыдон сæхи стыр амондджын хуыдтой. Ныр дæр ма сæ хæхбæсты бирæ бинонтæ сæ къонайы сæрæй нæ рафтыдтой, быдырмæ чи ралыгъд, уыдон сæ бæрæг ран сауыгътой кæнæ арф бафснайдтой æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц.
Сафайы рæхысы стыр фарн ис. Ног чындз-иу хæдзармæ куы бакъахдзæф кодта, уæд æй къухылхæцæг хъуамæ æртæ хатты æрзилын кодтаид йæ алыварс, нæлгоймаг-иу сомы кæнæ ард куы хордта, уæд-иу, æнæмæнг, хъуамæ бавнæлдтаид Къонайы рæхысмæ, æцæгæлон-иу бинонтыл йæхи куы фæдзæхста, уый-иу Къонайы рæхыс йæ хъуырыл атыхта, æмæ йын уыдоны æвастæй знаггад ничиуал ракодтаид. Бинонтæй-иу нæлгоймаг куы нал баззад, уæд-иу сæ чызджыты хистæр сæ Къонайы рæхыс йе ‘фцæгыл æрæфтыдта.
Афтæ бакодта Хетæгкаты Олгъа, йæ намысджын иунæг æфсымæр Къоста куы амард, уæд. Æлгъыстæн баззад: «Дæ рæхыс де ‘фцæгыл ахæсс!»
Сафайы рæхыс — Къонайы рæхыс адавын, æддæмæ раппарын мæлæтæй карздæр уыд. Худинаг уыд æппæт хæдзарвæндагæн, тæссаг — уыцы ми чи кодта, уымæн. Æфхæрдты Хæсанæйы мад Госæма йæ фыртæн йæ фыды марджыты тыххæй куы дзуры, уæд уæлдай тынгдæр тыхсы, сæ Къонайы рæхыс сын кæй рафтыдтой æмæ йæ фаджысмæ кæй аппæрстой, ууыл. Амарынæй, Къонайы рæхыс æддæмæ раппарынæй — фæчъизи йæ кæнынæй кæцы карздæр уыд, уый нæ хицæн кодта ирон адæймаг.
Дзыккакъах
Дзыккакъах — фырты райгуырдмæ бæлгæйæ, мадæлтæ куывтой Мады зæдмæ, Мады-Майрæммæ, фыдæлтæ — Фыры дзуармæ. Сæ кувын хъуырыцъарæй уыд æмæ ныр дæр вæййы, фæд-фæдыл чызджытæ кæмæн фæгуыры, уыцы чындзæн, йæ бинонтæн, йæ цæгатæн. Æмæ та йын чызг куы райгуыры, уæд ма сæ маст суадзынц ноггуырдæн ахæм арфæйæ: «Дæ къах дзыккайы тъыст фæуæд!» Чызджы цæгатæн та: «Иннæ хатт кæхц хæсджын куыд фæуат, уый уын Хуыцауы цæст бауарзæд!»
Кæхцгæнæнты раздæр æмæ ныр дæр, чызджы фæстæ лæппу кæмæ райгуыры, уыцы бинонтæ сфыцынц дзыкка, къусы йæ æруазал кæнынц, стæй дзы, фынгыл хистæртæ æртæ чъирийæ куы скувынц, уæд, фырты размæ цы чызг райгуырд, уый къахвæд сисынц. Куы райгуырд, уæд ын цæмæ фæкуывтой, уый — «Дæ къах дзыккайы тылд фæуæд» — сæххæст кæнынц. Ахæм чызджы хонынц «дзыккакъах».
Дон – кæстæрæй
Ирон адæммæ хистæр кадджын у, æгъдауы бæрзонд æвæрд у. Уый фæрсынц зондæй, фæлтæрддзинадæй, уый нымайынц, уый æрхъуыды кæнынц фыццагдæр алы хъуыддаджы дæр. Æрмæст нæм дон нуазгæ у кæстæрæй. Цæмæн? Уый фæдыл ис ахæм таурæгъ. Кæддæр, дам, дард балцы цæуæг ирон адæмы иу къорд тыгъд быдыры бирæ рæстæг фæцыдысты. Бафæлладысты, бастадысты, фæлæ фылдæр сфæлмæцыдысты æнæ донæй. Хус быдыры нæ мæсчъы доныл сæмбæлдысты, нæ — суадоныл, нæ – цъайыл, æмæ дойныйæ сæ хъару батад, сæ ныфс асаст. Зæрондæй-ногæй, стырæй-чысылæй дзойдзойгæнгæ цыдысты, хылдысты размæ. Кæдæм уыд сæ балц, уый сæ рох дæр фæци, æрмæст ма агуырдтой дон нуазынмæ.
Æмæ иуахæмы бахæццæ сты фæндаггæрон зæронд цъаймæ. Дон дзы систой æмæ йыл фæхæлоф кодтой. Уыцы рæстæг сæ айрох уæрдоны сæ чысыл æртæаздзыд саби. Уый сæ дон нуазгæ куы федта, уæд ноджы смондаг æмæ сæм йæ гыццыл къухтæ бæргæ тылдта, сдзурын йæ бон нал уыд, фæлæ йæ ничи бафиппайдта. Сæ зæрдыл куы æрлæууыд, уæд ма йæм дон бæргæ баскъæфтой, фæлæ уый уæдмæ йæ уд систа. Адæм куыддæр фергъуыйау сты, сæ дойны кæй суагътой, уый æхсызгондзинад дæр сын æрбайсæфт. Бирæ фæфæсмон кодтой, фæмæт кодтой, стæй рахастой ахæм
фæнд: «Абонæй фæстæмæ дон нуазгæ уæд кæстæрæй, цæмæй ахæм бæллæх макæуыл уал æрцæуа!»
Уыцы хъуыды ахæлиу æппæт ирон адæмыл, æмæ нæм дон нуазгæ у кæстæрæй.
Цгъойты Хазби,
йæ чиныг «Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат»-æй














