Мæскуыйы, Национ центр «Уæрæсе»-йы 8 июлæй 10 июлмæ скæндзысты Чындзхасты дыккаг æппæтуæрæсеон фестиваль «Уæрæсе. Зæрдæтæ иугæнгæйæ». Уыцы бонты ацы фæзы сæ цард баиу кæндзысты нæ бæстæйы алы регионтæй ссæуæг 200 къайæ фылдæр.
Цæгат Ирыстонæй Мæскуыйы сæмбæлдыс-ты дзæуджыхъæуккæгтæ Гозойты Хетæг æмæ Анастасия Дейнека, сæ зæрды ис сæ цард баиу кæнын. Гозойы-фырт у Æнæнхъæлæджы уавæрты цæгатирыстойнаг управленийы кæстæр сержант. Уæрæсейы Президент Владимир Путины майданæй хорзæхгонд æрцыд æххуысы фадæттæ аразыны тыххæй. Анастасия Дейнека та у Медицинон колледжы рауагъдон, ирвæзынгæнæджы аттестат бахъахъхъæдта, фронтæн æххуысы бархионты змæлды сæрæн архайæгæй йæхи æвдисы. Хæстон госпитæлы æппын-æдзух æххуыс кæны цæфтæн. Фидæны бинонтæ базонгæ сты 2022 азы, уæд æмхуызонæй архайдтой ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпус саразыныл. Уымæй фондз азы куы рацыд, уæд лæппу йæ зæрдæйы уаг чызгæн бамбарын кодта. Чындзхасты фыццаг
фестиваль конд æрцыд 2024 азы, уæд сæ цард баиу кодтой 300 къайæ фылдæр. Суанг ма йæ Уæрæсейы рекордты чинынгмæ дæр бахастой. Дунеон равдыст-форумы рæстæг та къайад скодтой 564 адæймаджы. Форум скæнджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæды бинонтæн нырмæ фæзынд сабитæ дæр.
Национ центр «Уæрæсе» фæзынд бæстæйы Президент Владимир Путины уынаффæйæ. Баст у Дунеон равдыст-форумы бынтæ бахъахъхъæнынимæ, бæстæйы æмæ граждæнты æнтыстытимæ. Центры куысты архайынц хицаудзинады федераон оргæнты, паддзахадон компаниты, корпорациты, регионты минæвæрттæ. Форумы рæстæг нæ республикæйы стендтæ бабæрæг кодтой милуан адæймагæй фылдæр. Экспозициты ныхас цыд Цæгат Ирыстоны культурæ, æгъдау, традицитыл.
Регионы фæзыл адæмы бон уыд фенæн историйы, аивады, адæмон-аивадон промыслæты дзаума рæсугъдгæнæнтæ. Уæдæ уазджытæн уыд фадат виртуалон балцытæ скæнын æмæ Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæ фенын. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд ирон чындзæхсæв, уый дæр равдыст-форумы скодтой. Бадис кодтой рæсугъд национ уæлæдарæсыл, нæ адæмон традицитыл.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ














