Цæмæй Иумæйаг паддзахадон фæлварæн æмбæлгæ æмвæзады радтай, уымæн дæ бахъæудзæн стыр зонындзинæдтæ райсын. Фæлæ республикæйы скъоладзаутæ фæлварæнмæ цæттæйæ бацæуынц.
Дзæуджыхъæу æмæ районты сæ куыст кæнынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн лæвар центртæ. Райдай 2024 азæй, афтæмæй центртæ сты 19, байгом сæ кодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы фæдзæхстæй.
Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы рауагъдон Уыртаты Тимур йæхи фæлварæнтæм цæттæ кæнын райдыдта 10 къласы ахуыргæнгæйæ. Йæ зæрды ис скъолайы фæстæ Губкины номыл нефть æмæ газы уæрæсейаг университетмæ бацæуын. Уымæ гæсгæ йæ фæлварæнтæ раттын бахъæудзæн физикæ, информатикæ, математикæйæ. Йæхи скъолайы йæ бон у физикæйæ йæхи цæттæ кæнын, уыцы уæлæмхасæн ахуыртæ нымайы фагыл.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм 11-æм скъолайы цæттæ кæнынц историйæ, æхсæнадзонынадæй, англисаг æвзагæй, физикæйæ, математикæйæ. Ардæм æрбацæуынц Промышленнон районы 6 скъолайы хистæркъласонтæ, ахуыргæнджытæ сты хуыздæртæ. Семæ – 33-æм скъолайы физикæйы ахуыргæнæг Ирина Боровцова, уый ныр дыккаг аз кусы ахуырдзаутимæ.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Иумæйаг паддзахадон фæлварæны хæстæ арæх скъолайы программæйæ хицæн кæнынц, уæдæ физикæйæн дæр фаг сахæттæ нæма ис. «Уыдæттæ нымайгæйæ, Ахуырад æмæ наукæйы министрад ахуырдзаутæн сарæзта зонындзинæдтæ фылдæр райсыны фадæттæ», – зæгъы физикæйы ахуыргæнæг.
Ахæм ахадгæ лæггад лæвар райсыны тыххæй ныййарджытæ сæ курдиæттæ æрвыстой министрадмæ, уымæ гæсгæ, министрады хайады разамонæг Дзлиаты Альбинæйы хатдзæгмæ гæсгæ, ног центртæ байгом кодтой Мæздæджы, Горæтгæрон, Æрыдоны районты, Дзæуджыхъæуы сæ фæфылдæр кодтой. «Ныййарджыты фæнды, цæмæй сæ кæстæртæ зонындзинæдтæ исой уырыссаг æвзаг æмæ математикæйæ суанг 10 къласы ахуыргæнгæйæ», –зæгъы министрады кусæг.
Ахуырады зонындзинæдтæ лæвар райсын, фæстæдæр Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттынæн æрмæстдæр бахъæудзæн къласы разамонæгмæ æрхатын кæнæ центр цы скъолайы кусы, уырдæм комкоммæ бацæуын.
Кочиты Элианорæ














