«Хæйрæджы хид»

0
76

Дыгургоммæ бацæуæны бæлццæттæ æмæ уазджыты цæстæнгас йæхимæ здахы, Æхсинтты комы абухгæ доны сæрмæ нарæг  хид, хонынц ма йæ «Чертов мост» дæр.

Комы цæрджыты куы бафæрсай, цæмæн æй хонынц, афтæ, уæд дын бæлвырд дзуапп ничи ратдзæн, фæлæ ис, уæддæр се ‘хсæн, историйы бæрæггæнæнтæ йæ хистæртæй чи фехъуыста, ахæмтæ. Бирæ таурæгътæ ис ацы бынатимæ баст. Незаманты  ацы хидæй бынмæ донмæ æппæрстой фыдгæнджыты, абырджыты. Уæд йæ тыхы уыдис адæмон тæрхон. Куы-иу аппæрстой бынмæ сæрсæфæнмæ тæрхонгонд адæймаджы æмæ-иу куы аирвæзт, уæд ын уыцы тæрхон кодтой хатыр. Иннæ
таурæгъ та афтæ дзуры. Рагзаманты, дам, ацы бынат баста дыууæ комы  Дыгургом æмæ Кæсæг-Балхъары иумæ. Сæ дыууæты æхсæн фидар уыдысты базарады ахастдзинæдтæ. Уæййæгтæ  ластой ауылты алыхуызон товартæ æмæ фос. Сæ уæрдæттæ-иу Æхсинтты хидыл  æнæфыдбылызæй куы азылдысты, уæд сын уый амондджын балцыл нымад цыдис. Иу хатт уæрдæтты бын хид ныттыдта æмæ асхъиудтой арф бынмæ, чи сæ скъæрдта, уыдон æд товартæ. Уæдæй фæстæмæ йæ хонын райдыдтой  «Чертов мост».

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here